Националон Банкы прогнозæй, æнæтуризмæй 2021 азы экономикон рæзынады, 1 проценты фæлгæтты уыдзæн
Хъыгагæн 2020 азы, «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй, Гуырдзыстоны экономикæ, афтæдæр куыд глобалон экономикæ фæкаддæр ис æмæ фылдæр, уый расайæг уыд коронавирусмæ гæсгæ уавæры тыххæй архайæг арæнæвæрдтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Национ Банкы президент Коба Гвенетадзе фехуъсын кодта.
Коба Гвенетадзе куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, 2020 азы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, экономикæ 6.1 %-æй фæкаддæр ис. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ пандемийы райдайæны Гуырдзыстоны экономикæйы 4 процекнтон хауды прогноз уыд.
Уыйимæ иумæ, Коба Гвенетадзейы информацийæ, зæгъгæ кæд афæдзы дыккаг æрдæджы эпидемиологион уавæр фæхуыздæр уыдзæн æмæ ацы периодæй туризмы сектор этапгай æндидзын райдайдзæнис, уæд централон банк 2021 азы экономикæйы хайгай æнæнизкæныны прогноз дæтты. Ахæм цауы 2021 азы экономикæйы хайгай сæнæниз кæнын у æнхъæлмæ кæсинаг цыппар проценты фæлгæтты. Фæлæ ис фæзындты айтынгы пессимистон прогноз дæр.
«Пандемийы цыды æмæ глобалонæй уæвæг арæнæвæрдты адарддæр кæныны цауы, кæд ахæм уавæр сырæзт, кæд ма исты æппæрццаг æрцæудзæн ацы æрдгæй глобалонæй, кæцы бæрæг хайæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстоныл дæр фæзындзæнис, уæд уый стыр знаггад æрхæсдзæн экономикæйæн, адарддæр кæндзæн арæнæвæрдтæ, уый та хорз нæ бандавдзæнис мобилондзинадыл æмæ уый тыххæй, экономикон сæнæниз кæныны процесс фæлæудзæнис. Ацы цауы кæд ма исты ноджы фæфыддæрдæр ис глобалонæй æмæ Гуырдзыстоны дæр, кæд æппын не сæнидзын кæнæм туризм, уæд абоны аргълæвæрдæй, 2021 азы экономикон рæзынад 1 проценты фæлгæтты уыдзæн», – фехъусын кодта Коба Гвенетадзе.