Националон банк - Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ уыдысты æхцайы æрвитæнты сæйраг гуырæн сентябры
Националон банк - Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ уыдысты æхцайы æрвитæнты сæйраг гуырæн сентябры

Сентябры, ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ, Гуырдзыстонмæ æрвыст æхцайы бæрц 1.1% фæкъаддæр ис æмæ 283,4 милуан АИШ-ы доллармæ ахызт, Гуырдзыстонæй æрвыст æхцайы бæрц та 16,4% сырæзт æмæ 33,9 милуан АИШ-ы доллар ссис, – банысангонд у Националон банкъы публикацигонд хыгъдлæвæрды.

Националон банкъы информацимæ гæсгæ, æрвылазон æхцайы æрвитæнты чысыл фæфылдæр баст у базæйон эффекты фæудимæ.

«Сентябры Уæрæсейæ æрвыст æхца афæдзы æмгъуыдмæ абаргæйæ 40% фæкъаддæр ис æмæ сси 36 милуан АИШ доллары. Фæлæ АИШ-æй æхцайы æрвыст дарддæр кодта бæрзонд темптæй рæзын 17,7% æмæ Израилæй та 20,4%. Афтæ ма, æндæр бæстæтæй, зæгъæм, Хъыргъызстан æмæ Иугонд Паддзахадæй, æхцайы æрвитæнтæ нырма дæр рæзынц (111,5% æмæ 16,9% рæзт, æмхуызонæй). Евроцæдисы бæстæтæй, Итали æмæ Германийæ æрвыст æхцайы рæзт нырма дæр нысаниуæгджын ахъаз у. Сентябры регионы бæстæтæй, ома Турк æмæ Азербайджанæй æрвыст æхцайы фæрæзтæ фæкъаддæр сты (3,1% æмæ 15,8% фæфылдæр). Украинæйæ æрвыст æхца нырма дæр сты минималон æмвæзадыл. Сентябры æхцайы æрвитæнты сæйраг гуырæн уыдысты Евроцæдисы бæстæтæ 45,6% хайимæ, АИШ 17,3% хайимæ æмæ Уæрæсе 12,6% хайимæ. Евроцæдисы бæстæты æхсæн банысанкæнинаг у Италийы, Грецийы æмæ Германийы бæрзонд хай æмтгæйон æрвыстæй», -ис фыст Националон Банчы рапарахатгонд информацийы.