Националон Банк – 2022 азы ноябры æхсæнадæмон визиторты нымæц, раззаг азимæ абаргæйæ 150.5 процентæй, балцæй æрбафтгæ æфтиæгтæ та 174,9 процентæй фæфылдæр сты
Гуырдзыстоны Националон Банкы бæрæггæнæнтæй, 2022 азы ноябры æхсæнадæмон визиорты нымæц раззаг азимæ абаргæйæ 150.5%-æй сырæзтис. Афтæма сæ бæрæггæнæнтæй, туристты нымæц æмтгæйон визиторты 71.8%-ы бæрц уыд æмæ афæдзы мидæг 97.9 процентæй сырæзт.
«Фæнысангонд иубонон вихитты нымæц банкъаринагæй, аст хатты райрæзтис. Балцы цыдæй æфтиæгтæ дарддæр кæнынц рæзын æмæ ноябры афæдзы мидæг 174ю9 процентæй фæфылдæр сты. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ балцæй æфтигæт кризисагъоммæ æмвæзадæй бæрзонддæр сты æмæ 2019 азы ноябры бæрæггæнæнтæй 51, 2 процентæй фылдæр сты.
Балцæй æфтиæгты рæзт фылдæр Уæрæсейæ (84,6%), Туркæй (28.6%), Украинайæн (16,6%) æмæ Сомихыстонæй (8.7%) æфтиæгты рæзтимæ баст», – хъусын кæнынц Националон банкы.