Мызд стажирдзинады тыххæй – МХМ-ы куыстмæ райсты ног æгъдау æрфидар уыдзæн
Мызд стажирдзинады  тыххæй – МХМ-ы  куыстмæ  райсты  ног æгъдау  æрфидар уыдзæн

Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты  министртæм кандидат  Гиорги Гахариа   комитетты  иугонд  рабадтыл, хицауадæн æууæнк расидыны  фарсты  касты  рæстæджы фæныхас кодта, мидхъуыддæгты  министрады  цæугæ  реформæты фæдыл  æмæ бахахх  кодта  уагдоны  куыстмæ райсыны  æгъауы  ивд.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй,   базисон   къурсытыл ахуыры рæстæджы  Гуырдзыстоны алы  æмбæстаг, кæцыйы  сывзардзысты  Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты  министрады  тестирдзинады  фæстиуæгæн,   йæ  стажировкæйы   æмæ   ахуыры  периоды,  кæцы  цæудзæн академийы,   уый  тыххæй  исдзысты  мызд зæгъгæ.

«мидхъуыддæгты  министрады   цæугæ  реформæты ноджы иу компонент у,  куыстмæ  райсты   æгъдау.   Афтæдæр мæ  фæнды  хаххгондæй  банысан кæнын  цæмæй    базисон   къурсытыл ахуыры рæстæджы  Гуырдзыстоны алы  æмбæстаг, кæцыйы  сывзардзысты  Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты  министрады  тестирдзинады  фæстиуæгæн,   йæ  стажировкæйы   æмæ   ахуыры  периоды,  кæцы  цæудзæн академийы,   уый  тыххæй  исдзысты  мызд. Фыццаг  3  мæййон базисон къурсыты рæстæджы исдзысты    штатмæ  цы мызд æмбæлы  уый 50%,  æрмæст 9  мæййон   æххæст курсыты  рæстæджы,   академийы   ахуырдзаутæ   райстыдзы  æххæст мызд. Уымæй  сырæздзæн институционалон   процесс,   кæцыйы  руаджы   ацыфæнды æмбæстагæн йæ бон уыдзæн   райдайа кусын  МХМ-ы.  Цæй  зæгъын æй  хъæуы  мах   æмбарæм  æмæ алцыппæт сараздзыстæм   уый тыххæй, цæмæй   сеппæтæй  хуыздæр къадртæ,  сеппæтæй   хуыздæр æвзонгтæ  нæм   æрбацæуой  министрадмæ  æмæ   базоной,  уый æмæ   социалон   æмæ профессион рæзынады гарантитæ дæттынц  паддзахад æмæ институт», – райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, 13 200  полициагæн, ныридæгæн фæуæлдай сты  сæ  мыздтæ  æмæ æввахсдæр периорды   мыздты   рæзт  адарддæр уыдзæн зæгъгæ.