Молдовæйы президент, Владимир Плахотнюкы, интерполæй æхсæнадæмон агуырдмæ раттын домы
Молдовæйы президент Игорь Додон раздæры хицугæнæг партийы лидер, Владимир Плахотнюкы, интерполæй æхсæнадæмон агурдмæ раттын домы.
Ацы куырдиат Игорь Додон сарызта, молдоваг бизнесмены æмæ йæ бинонты ныхмæ санкцитæ АИШ-æ куы сфидар кодта уый фæстæ.
2019 азы декабры Владимир Плахотнюкы цæрæнуат ссарыны æркуырдæй молдовæйы хицауад Румынийы æмæ Стыр Британийы æмбæлон уагдæттæм басидтис, фæлæ дзæгъæлы.
«Нæ приоритет у уый цæмæй Плахотнюкы фыдыбæстæмæ хъадамантимæ æрыздахæм» – райхъусын кодта Молдовæйы президент.
Додоны дзырдæй, зæгъгæ Молдовæйы мидхъуыддæгты министрад, Плахотнюкыл æхсæнадæмон агуырд расидыны æркуырдæй, ныридæгæн басидтис интерполмæ.
Молдовæйы иуæй-иу ставддæр бизнесмен æмæ раздæры хицаугæнæг партийы лидеры фыдыбæстæйы стыр бæрцæй æхца ссурс кæныны аххосджын кæнынц. Сæрмагондæй та ныхас цæуы 18 милуан доллар æмæ 3,5 милуан евройыл.
Плахотнюк Молдовæйæ 2019 азы алыгъд. Фæстæдæр уый, «Демокративон Партийы» сæрдары бынатæй йæхи систа æмæ депутаты мандат дæр ныууагъдта.