Молдовæйы парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Бæстæйы масштабæй æдæппæт байгом ис 2018 æвзарæнон фадыг. Молдовæгтæ ног парламенты а.х. æмхæццæ системæйæ æвзарынц – 50 депутат партион номхыгъдтæй, æрмæст 51 та иумандатджын облæстытæм гæсгæйæ.
Æвзæрстыты 15 политикъон иугонд æмæ 321 мажоритар кандидат исынц хайад. Развæлгъау рафарстмæ гæсгæйæ, парламентмæ æртæ партийы бацыд æнхъæлынц. Адон сты: Социалисттæ, фæткъдæттæг демокративон партий æмæ оппозицион блокъ, кæцы дыууæ партимæ, «Архайд æмæ Солидарондзинады» æмæ «Джелбетт æмæ рæстдзинады» иу кæны.
Парламентон æвзæрстытимæ иумæ Молдовæйы консультацион референлум дæр цæуы уагъд, кæцыйыл æмбæстæгтæ хъуамæ ахицæн кæнæт, фæнды сæ æви нæ закъондæттæн органы депутатты нымæц 61-ы онг фæкъаддæр кæнын.
Æвзæрстытыл сæрфад бахъахъъæнынæн, мобилизацигонд сты цыппар мин полициагы. Халæппæрстæн мониторинг кæндзысты 3000 цæстдарæгы.