МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй «Националон Змæлды» акцийыл, барадхъахъъхæнджытæ æмбæстæгты æдасдзинад æмæ æхсæнадон сæрфад хъахъхъæндзысты
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад абон Руставелийы проспектыл партий «Иууон Националон Змæлды» плангонд акцимæ гæсгæ, фииуæн хæлиуц кæны.
Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй, мхм бахъахъъхæндзæн акцийы æрымбырдуæвæг æмбæстæгты æдасдзинад æмæ сæрфад.
«Руставелийы проспектыл мобилизацигонд уыдзæн полицион тыхтæ, кæцытæ æнæхъæн боны дæргъы патрул кæндзысты.Ю цæмæй ма æрцæуа кæцыфæнды гæнæн провокаци æмæ хъахъхæдгонд уа куыд акцийы хайадисджыты – афтæ хуымæтæг æмбæстæгты æдасдзинады»- хъусын кæнынц МХМ-ы.
Мидхъуыддæгты министрад сиды акцийы организатортæм, бахъахъъхæнæт æхсæнадон сæрфад æмæ бакоммæ кæсæт полицийы закъонон æркуырдтæм.