МХМ-ы информацийæ, Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкмæ» бырст сыххæст кодта Бадри Эсебуа
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады информацийæ, Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкмæ»лæбурд сæххæст кодта Бадри Эсебуа.
Уый фæдыл мидхъуыддæгты министры хæдивæг Владимер Борцвадзе Самегрело-Уæллагн Сванеты зылдон пъæлицæйы брифнгыл райхъусын кодта.
«МХМы цæугæ азы 25 октябры ахæлиугонд куырдиаты æмæ уым банысангонд сидтмæ æнæкæсгæ, бæрæг медиафæрæзтæ Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкы» филилмæ бырсты идентификацигонд гоймагы къамты æмæ номы фæдыл информаци ахæлиу кодтой, цалынмæ йæ министрад сбæлвырд кодтаит уый размæ.
Ноджы иу хатт нæ фæнды алкæмæн зæгъын, цæмæй ахæм уæззау фыдракæндыл информаци барæй ахæлиу, интенсивон оперативон мадзæлтты параллелонæй, къуылымпы кæны фæдагуырды процесс, цæугæ æмæ пълангонд пъæлицæйон мадзæлттæ/
Уый тыххæй цæмæй æхсæнады хайæн нырид бæрæг у идентифициргонд гоймаг чи у уый, мидхъуыддæгты министрад, уый фæдыл информаци æргом кæны.
Пъæлицæй уагъд комплексон-фæдæвзарæнон-оперативон æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, бырсты хайадисæг, идентифициргонд гоймаг у: 1988 азы гуырд Бадри Эсебуа. Кæм ис ныр уыцы бынат сбæрæг кæнын æмæ йæ æрцахсыны нысанæн, пъæлицæй активонæй дарддæр кæны специалон оперативон фæдæвзарæнон æмæ фæдагуырæн мадзæлттæ уадзын.
Фæдагурыд Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады кодексы 236-æм, 323-æм æмæ 329-æм статиæй цæуы, кæцы террористон акт, уацайрæгтæй скæнын террористон нысанæн æмæ æхсæнгарзы æнæзакононæй балхæд-бавæрын хæссын дары йæ хъуыдыйы» – райхъусын кодта Владимер Борцвадзе.
21 октябры Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкмæ» гарзджын гоймаг балæбурдта æмæ 43 æмбæстагы уацайрæгтæй фæкодта. Барадхъахъъхæнджыты тыхархайдæй, цалдæр сахатон бадзырдты фæстиуæгæн, бырсæг уацайрæгты фылдæр этапгай ссæрибар кодта, кæцыты бæсты йæм йæхи уацары ратта Самегрело-Уæллаг Сванеты зылдон пъæлицæйы хистæр, Автнадил Галдава. Фæстæдæр бырсæг Галдаваимæ æмæ æртæ уацайрагимæ иумæ, Банкы бæстыхайæ рацыд. Сæ цыппары дæр уый æхсæвы рæгмæ ссæрибар кодта.