МХМ-ы информацийæ, Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкмæ»  бырст сыххæст кодта Бадри Эсебуа
МХМ-ы информацийæ, Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкмæ» бырст сыххæст кодта Бадри Эсебуа

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  информацийæ,  Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкмæ»лæбурд  сæххæст кодта  Бадри  Эсебуа.

Уый фæдыл  мидхъуыддæгты министры хæдивæг  Владимер Борцвадзе  Самегрело-Уæллагн Сванеты   зылдон пъæлицæйы   брифнгыл   райхъусын кодта.

«МХМы  цæугæ азы  25 октябры  ахæлиугонд  куырдиаты æмæ уым  банысангонд  сидтмæ æнæкæсгæ,   бæрæг  медиафæрæзтæ Зугдиды, «Гуырдзыстоны  Банкы»  филилмæ  бырсты  идентификацигонд  гоймагы  къамты  æмæ  номы  фæдыл  информаци  ахæлиу кодтой,  цалынмæ йæ министрад сбæлвырд кодтаит  уый  размæ.

Ноджы иу хатт  нæ фæнды  алкæмæн  зæгъын,  цæмæй  ахæм уæззау  фыдракæндыл  информаци барæй  ахæлиу,  интенсивон оперативон  мадзæлтты параллелонæй,  къуылымпы кæны фæдагуырды процесс,  цæугæ  æмæ пълангонд пъæлицæйон  мадзæлттæ/

Уый тыххæй  цæмæй  æхсæнады  хайæн  нырид бæрæг у  идентифициргонд  гоймаг чи у уый,  мидхъуыддæгты министрад, уый фæдыл информаци  æргом  кæны.

Пъæлицæй  уагъд  комплексон-фæдæвзарæнон-оперативон  æмæ фæдагурæн  мадзæлтты  фæстиуæгæн, бырсты хайадисæг,  идентифициргонд  гоймаг у:  1988 азы гуырд  Бадри Эсебуа.  Кæм ис ныр уыцы бынат  сбæрæг  кæнын æмæ  йæ æрцахсыны  нысанæн, пъæлицæй активонæй  дарддæр кæны  специалон оперативон  фæдæвзарæнон  æмæ фæдагуырæн  мадзæлттæ уадзын.

Фæдагурыд  Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады  кодексы  236-æм, 323-æм  æмæ 329-æм статиæй  цæуы, кæцы  террористон акт,  уацайрæгтæй  скæнын  террористон нысанæн  æмæ æхсæнгарзы  æнæзакононæй  балхæд-бавæрын хæссын дары  йæ  хъуыдыйы» – райхъусын кодта Владимер Борцвадзе.

21 октябры  Зугдиды  «Гуырдзыстоны Банкмæ»  гарзджын  гоймаг балæбурдта  æмæ 43  æмбæстагы уацайрæгтæй  фæкодта.  Барадхъахъъхæнджыты  тыхархайдæй,  цалдæр сахатон бадзырдты  фæстиуæгæн,  бырсæг  уацайрæгты фылдæр этапгай  ссæрибар кодта,  кæцыты  бæсты  йæм  йæхи  уацары ратта  Самегрело-Уæллаг Сванеты  зылдон пъæлицæйы  хистæр, Автнадил Галдава.  Фæстæдæр  бырсæг  Галдаваимæ æмæ æртæ  уацайрагимæ иумæ, Банкы бæстыхайæ рацыд. Сæ цыппары дæр  уый æхсæвы рæгмæ  ссæрибар кодта.