МХМ-ы информацийæ,  зноны акцийыл  66 уæнгы æрцахстой
МХМ-ы информацийæ, зноны акцийыл 66 уæнгы æрцахстой

Барадхъахъхъæнджытæ  акцийыл лыстæг  хулигандзинады æмæ  пъæлицæйы æркуырдмæ æнæкоммæгæсы факттыл    66 адæймагы æрцахстой, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæны  дзырдæуы.

«Мидхъуыддæгты министрад 7 марты Тбилисы Руставелийы проспектыл   парламенты бæстыхайы  цур территорийыл  цæугæ   протестон  акцийыл  æрцæугæ тыхмийы инцидентты фæдыл    фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады   кодексы  353  прима æмæ 187  статиæй  райдыдта.

Барадхъахъхъæнджытæ  акцийыл лыстæг хулигандзинады æмæ  пъæлицæйы æркуырдтæй  æнæкоммæгæсы  фактыл  администрацийы  барадсасты  кодексы 166-æм æмæ  173  статитæм æмбæлгæйæ,   66  уæнгы  æрцахстой.  Фæнысангонд  уæнгты  æрдгæй  барадсасты факттæ  закъонæй бæрæг   æмгъуыдты  бавдыст уыдзысты   тæрхондонмæ», – дзырдæуы   фидиуæны.