МХМ-ы информацийæ, министрады хайадтæ Руставелийыл плангонд акцимæ гæсгæ, æхсæнадон фæткъæвæрд максималонæй бахъахъъæндзысты
Мидхъуыддæгты министрады хайадтæ 10 июны, 16:00 сахатыл сæйраг сахары, Руставелийы проеспектыл плангонд акцимæ гæсгæ, æхсæнадæон фæткæвæрды хъахъхъæдад максималонæй срæвдз кæндзысты.
Уый фæдыл МХМ-ы фидиуæны дзырдæуы.
Афтæдæр сæ информацийæ, разагъды дзырды сæрибары принциптæ хъахъхъæнынадæй рацæугæйæ МХМ-ы кусджытæ бацархайдзысты, акцийы, куыд демокративон процессы сабыр æ1мæ рæстаг уавæрты ауадзын.
«МХМ-ы патрулон полицийы департамент, æмбæстæгтæм æмæ шофыртæн хъусын кæны, цæмæй акцимæ гæсгæ, 16:00 сахатæй сæйраг сахары Руставелийы проспектыл змæлд арæнæвæрд æрцæудзæн, шофыртæн сæ бон уыдзæн Руставелийы проспекты параллелон фæндæгтыл змæлын.
Ацы рæстæгмæ сæйраг сахаримæ иугæнæг æхсæнсахарон сосафæндæгтыл автомобилты змæлд цæуы æнæкуылымпыйæ æмæ сæрибарæй.
Мидхъуыддæгты министрад сæйраг сахары æмæ срегионты фæндæгтыл змæлды уæвæг уавæры цыфæнды ивды кæнæ арæнæвæрдмæ гæсгæйæ, дзыллæйæн æнæаргъæвгæйæ фехъусын кæндзæн» – банысангонд у МХМ-ы фидиуæны.