МХМ-ы  информацийæ,  министрады хайадтæ  Руставелийыл плангонд акцимæ гæсгæ,  æхсæнадон фæткъæвæрд  максималонæй  бахъахъъæндзысты
МХМ-ы информацийæ, министрады хайадтæ Руставелийыл плангонд акцимæ гæсгæ, æхсæнадон фæткъæвæрд максималонæй бахъахъъæндзысты

Мидхъуыддæгты министрады  хайадтæ  10  июны,  16:00 сахатыл   сæйраг сахары, Руставелийы  проеспектыл плангонд   акцимæ гæсгæ,   æхсæнадæон фæткæвæрды хъахъхъæдад  максималонæй  срæвдз кæндзысты.

Уый фæдыл МХМ-ы  фидиуæны дзырдæуы.

Афтæдæр сæ  информацийæ,   разагъды дзырды сæрибары  принциптæ хъахъхъæнынадæй  рацæугæйæ  МХМ-ы  кусджытæ бацархайдзысты, акцийы, куыд  демокративон процессы   сабыр  æ1мæ рæстаг уавæрты  ауадзын.

«МХМ-ы патрулон полицийы  департамент, æмбæстæгтæм  æмæ  шофыртæн хъусын кæны, цæмæй  акцимæ гæсгæ, 16:00 сахатæй  сæйраг сахары   Руставелийы проспектыл  змæлд   арæнæвæрд æрцæудзæн,   шофыртæн сæ бон уыдзæн Руставелийы проспекты параллелон  фæндæгтыл  змæлын.

Ацы рæстæгмæ  сæйраг сахаримæ иугæнæг  æхсæнсахарон   сосафæндæгтыл  автомобилты  змæлд  цæуы æнæкуылымпыйæ  æмæ  сæрибарæй.

Мидхъуыддæгты министрад  сæйраг сахары  æмæ срегионты  фæндæгтыл змæлды   уæвæг   уавæры  цыфæнды ивды  кæнæ    арæнæвæрдмæ гæсгæйæ,  дзыллæйæн æнæаргъæвгæйæ   фехъусын кæндзæн» – банысангонд у  МХМ-ы фидиуæны.