МХМ-ы адарддæр уыдзæн Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы æвдисæнты æрфарст
Мидхъуыддæгты министрады, Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл æнахъомты æрфарст абон адарддæр уыдзæн. Уый фæдыл информаци Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой МХМ-ы пресс-куысты.
Уагдоны хъусинагæй, æвдисæнты æрфарст 13:00 сахатæй райдайдзæн.
Æвдисæнты МХМ-ы знон дæр æрфарстой. Фæдæвзарæг уагдоны уыдысты 51-аг скъолайы фондз æнахъом æмæ иу педагог. Сæ фондз æнахъом дæр инциденты рæстæджы уыдысты Хоравайы уынгыл. Се рфарст аххæссыд æхсæз сахаты бæрц.
МХМ-ы централон криминалон полицийы департаменты директор Владимер Борцвадзе 1-аг ибны брифингыл райхъусын кодта, цæмæй МХМ æвзары тугтæрхоны барады хъуыддаджы уыцы уæлæмхас аууæлттæ рабæрæг кæнынæн, кæцы марындзинады сæйраг хъуыддаджы тæрхоны процессы фæбæрæг сты.
Уæдмæ та премьер-министр Гиорги Квирикашвили райхъусын кодта, рма Хоравайы уынгыл æрцугæ марындзинады хъуыддаджы фæдæвзарæн, прокуратурæйæ Мидхъуыддæгты министрадмæ æрыздæхдзæн.
Хоравайы уынгыл æрцæугæ мрындзинады хъуыддаджы зылынмæ лæвæрдтæн 10 æмæ æхсæз мæй, æмæ 9 аз æмæ 9 мæййæ ахст стæрхон кодтой.
Ацы хъуыддагыл тæрхондон тæрхоныскуыд рахаста 31 майы рабадтыл.
Тбилисы Хоравайы уынгыл дыууæ æнахъомы 2017 азы фыццаг декабры фæцæф кодтой.Иу æнахъом æрбамард рынчындонмæ бакæныны онг, иннæ та дохтырты архæйдтæм æмæ цалдæр операцимæ æнæкæсгæ, 2 декабры рынчындоны амард.