МХъМ - Регистрацигонд фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис 2025 азы январæй июны онг
МХъМ - Регистрацигонд фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис 2025 азы январæй июны онг

Мидхъуыддæгты министрады официалон веб-фарс 2025 азы фыццаг æхсæз мæйы æнæхъæн бæстæйы регистрацигонд фыдракæндты фæдыл статистикон бæрæггæнæнтæ публикаци кодта, кæцытæм гæсгæ фыдракæнды бæрæггæнæн 2024 азы аналогион периодимæ абаргæйæ 795 фактæй (-2.96%) фæкъаддæр ис.

Уымæй дарддæр ма, фæбæрзонддæр ис регистрацигонд фыдракæндты æрбæстон кæныны æмвæзад æмæ ахсы 66,16%.

Бæстæйы наркотикты æнæзакъонон зилдух æмæ парахат кæныны ныхмæ æххæстгонд эффективон барадон политикæйы æмæ Мидхъуыддæгты министрады æнæкомпромиссон тохы фæстиуæгæн, 2025 азы фыццаг дыууæ кварталы наркотикты фыдракæндты рабæрæг зынгæ фæфылдæр. кæцы у 29% фылдæр фароны уыцы рæстæгмæ абаргæйæ. Пъæлицæйы активон мадзæлтты фæстиуæгæн, 2025 азы фыццаг дыууæ кварталы наркотикты æнæзакъонон уæй кæныны тыххæй æфхæрд æрцыд 263 адæймаджы, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ, зæгъæн ис дыууæ хатты фылдæр у.

Исбоны ныхмæ арæзт фыдракæндты нымæц дæр фæкъаддæр 2025 азы фыццаг æхсæз мæйы.Сæ хсæн фæкъаддæр сты фатерæй давды, давды, сайды, æфхæрды æмæ æнæзакъонон æхца исыны/фæсайыны цаутæ.

Ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ, 2025 азы фæкъаддæр сты сексуалон фыдракæндтæ, трафикинг, æнахъомты базарады факттæ, киберфыдракæндтæ (-80 факт) æмæ официалон фыдракæндтæ (-46 факт).

Цæугæ азы фыццаг дыууæ кварталы фæфылдæр сты фæндонмæ гæсгæ буары уæззау зиан æмæ транспортон фыдракæндты нымæц, уыдон нымæцы фæндаггон змæлды æдасдзинад æмæ эксплуатацийы уагæвæрдтæ халыны 175 цауы. Фæлæ уыцы-иу рæстæг фыдракæндты бæрæггæнæнтæ фæфылдæр сты.

Бæстæйы æдас уавæр сифтонг кæныны тыххæй мидхъуыддæгты министрады æппæт профилон дæлхайæдтæ дарддæр кæнынц фыдракæндты ныхмæ тох æхсæвæй-бонæй.

Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.