МХМ фидиуæн публикаци кæны «Националон Змæлды» акцийы фæдыл.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, «Æмбырды æмæ манифестациты фæдыл» Гуырдзыстоны законы 11-æм статимæ гæсгæйæ, æмбырды хайадисджытæн тобæ кæны барæй куылмпыдзинæдтæ кæныны транспорты змæлдæн.
«Гуырдзыстоны мхм плангонд акцийы организатортæн æмæ хайадисджытæн бакой кæндзæн, цæмæй уæлдæрбанысангонд фæтксаст расайдзæн æфхæрд администрацион бараддсасты кодексмæ æмбæлгæйæ.
Уымæй уæлдай ма, тугтæрхоны барады кодексы 226-æм статимæ гæсгæйæ, фыдракæндыл нымад цæуы, къордон архайды организаци кæнын, кæцы гуырымыхъхъ халы æхсæнадон сæрфад кæнæ баст у хицауады минæвары законон æркуырдæн æргомæй нæкоммæкастимæ, афтæма, транспорты, кондады, уагдоны кæнæ организацийы куысты куылымпыдзинадимæ æмæ афтæдæр ахæм архæйдты активон хайадист. Фæнысангонд архайды тыххæй æмбæлы ахст æртæ азы онг æмгъуыдмæ.
Законхæлды цыфæнды факт, уайтагъд кæрон скæндзысты пъæлицæйы кусджытæ æмæ уыдзæн æмбæлгæ реакци.
Уыимæ, бахъуаджы цауы, æхсæнадон срæфад сног кæныны нысанæн мидхъуыддæгты министрад спайда кæндзæн законæй бæрæг пропорцион тыхæй æмæ специалон фæрæзтæй», – баынсангонд у МХМ-ы фидиуæны.