МХЬМ парламенты цур цæугæ акцийы рæстæджы 37 гоймагы æрцахста цыппар та фæцæф
Мидхъуыддæгты министрад парламенты бæстыхайы цур акцийы рæстæджы, администрацион барадсасты кодексæй зæрдыл дард хæлды тыххæй 18 гоймагы æрцахста, – уый фæдыл банысангонд у МХЬМ-ы фидиуæны.
Сæ информацийæ, мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйон тыхты уагъд мадзæлтты фæстиуæгæн, закъондæттæг органы бацæуæнтæ аразгæ барьертæй ныссыгъдæг кодтой, парламенты алы бацæуæн ныр сæрибар у æмæ закъондæттæг органæн йæ бон у кусын æнæкуылымпыйæ.
«Мидхъуыддæгты министрады хайадтæ æхсæнадон æдасдзинады æмæ сæрфад хъахъъхæды нысанæй, Руставелийы проспектыл сты.
Пъæлицæй сиды алы æмбæстагмæ, бахъахъхъæной закъоны домæнтæ. Мидхъуыддæгты министрад барадсастыты алкæцы фактыл æмбæлон реагирдзинад равдисдзæн æмæ закъонсасты алы фактыл пъæлицæйы æрдгæй ист æрцæудзысты алы æмбæлон мадзæлттæ», – банысангонд у МХЬМ-ы фидиуæны.