МХЬМ  парламенты цур   цæугæ  акцийы  рæстæджы  37  гоймагы  æрцахста цыппар та фæцæф
МХЬМ парламенты цур цæугæ акцийы рæстæджы 37 гоймагы æрцахста цыппар та фæцæф

Мидхъуыддæгты  министрад  парламенты   бæстыхайы  цур  акцийы  рæстæджы,  администрацион  барадсасты  кодексæй  зæрдыл дард  хæлды  тыххæй   18  гоймагы æрцахста, –   уый фæдыл банысангонд у   МХЬМ-ы  фидиуæны.

Сæ информацийæ,  мидхъуыддæгты  министрады  пъæлицæйон  тыхты  уагъд   мадзæлтты фæстиуæгæн,  закъондæттæг органы  бацæуæнтæ  аразгæ барьертæй ныссыгъдæг кодтой,  парламенты алы   бацæуæн  ныр сæрибар у  æмæ  закъондæттæг   органæн йæ  бон у  кусын  æнæкуылымпыйæ.

«Мидхъуыддæгты министрады  хайадтæ   æхсæнадон æдасдзинады æмæ   сæрфад хъахъъхæды  нысанæй,  Руставелийы  проспектыл   сты.

Пъæлицæй   сиды   алы æмбæстагмæ, бахъахъхъæной  закъоны  домæнтæ.  Мидхъуыддæгты  министрад  барадсастыты  алкæцы  фактыл   æмбæлон   реагирдзинад  равдисдзæн   æмæ закъонсасты алы  фактыл пъæлицæйы  æрдгæй   ист æрцæудзысты  алы æмбæлон   мадзæлттæ», – банысангонд у  МХЬМ-ы  фидиуæны.