МХМ - Курæг стæм дзыллæйæ, æмбæстæгты балтæй арæны делимитацийы камистæн сабыр уавæры кусын адарддæр кæныны фадат раттæнт
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад сиды дзыллæмæ, æмбæстæгты балтæм, раттæнт Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны паддзахадон арæны делимитацийы камистæн сабыр уавæрты кусын адарддæры фадат.
Мидхъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны Давит-Гареджийы фадыгыл æрцыд чысыл инцидент бынæттонты æмæ азербайджайнаг арæнхъахъъхæнджыты æхсæн. Фæлæ уавæр афоныл æрсабыр ис.
Афтæма МХМ-ы информацийæ, факты бацахуыр нырид райдыдта.
«Курæг стæм дзыллæйæ, æмбæстæгты балтæй арæны делимитацийы камистæн сабыр уавæры кусын адарддæр кæныны фадат раттæнт, цæмæй афоныл бахъом уæм бадзырдмæ æрцæуын»,- банысан кодтой уагдоны.
Социалон хызагы знон ахæлиу ис видео-æмæг, кæцыйы мидæг æвдыст у, æмæй Давит Гареджийы, арæйнон фадыгыл арæнхъахъхъæнджыты æмæ бынæттон цæрджыты æхсæн чысыл инцидент æрцыд. Давит Гареджеийы кусæг гиды информацийæ, конфликты аххос азербайджайнаг арæнхъахъхъæнджыты æрдгæй аргъуанæй дзуæртты æвварстæй рахæссын ссис, кæцы бынæтттонты протест расайдта. Фæлæ афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, проблемæ цыбыр рæстæгмæ аскъуыддзаг ис.