МХМ хæлиу кæны фидиуæн Сосо Кутателадзейы марындзинады хъуыддагыл
Мидхъуыддæгты министрад генерал Сосо Кутателадзейы марындзинады хъуыддагыл фидиуæн аразы, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй информаци, ахæст Гиорги Чъантуриамæ хъомыс дарыны фæдыл, барадон бындурæй цух у æмæ у Гиоргий Чъантуриайы адвокаты тактикæ æнæраст æхсæнадон хъуыды сæвзæрын кæнынæн.
«Æхсæнадæн бæрæг куыд у афтæмæй, генерал Самсон Кутателадзейы марындзинады фаткыл цæугæ фæдæвзарæны фæлгæтты, 2018 азы 17 январы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 236-æм статийæ, хæцæн хотыхты æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны фактыл, ахст æрцыд Гиорги Чъантуриа, кæцы фæстæдæр ссæрибар ис. Фæдагуырды процессы, фæбæрггонд бæлвырдгæнæнтæй, æндæр факттимæ иумæ фæбæрг ис, цæмæй Гиорги Чъантуриа уыдис уыцы уæнг, кæцыдæридæр Самсон Кутателадзейы федта йæ марындзинады размæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, æрфарсты рæстæджы йæм лæвæрд цыдысты фарстытæ марындзинадимæ йæ гæнæн бастдзинады тыххæй. Фæнысангонд у фыдракæнды равзарыны стандартон æмæ уæрæхæй аппробиргонд тактикæ. Уый тыххæй дæр цыфæнды фидиуæнтæ хъомыс дарыны фæдыл, цух сты барадон бындурæй æмæ сты Гиорги Чъантуриайы адвокаты тактикæ, æхсæнадон хъуыдыйы форирдзинадæн. Курæг стæм алы фарсæй дæр, банхъæлмæ кæсой фæдагуырды фæстиуджытæм æмæ сæхи бауромой барадон бындурæй хъаджджын фидиуæнтæ арзын» – банысангонд у фидиуæны.