МХМ - Хадайы комы М.К. быцæудзырды бындурыл, цуанон топпæй фехста фыд æмæ фырты, æрмæст бинонты æфсин та алидзын куы бахъавыд уæд адагмæ ахаудта
Мидхъуыддæгты министрады Мцхета-Мтианеты полицийы департаменты кусджытæ уагхъд оперативон-агурæн æмæ фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн, æрцахстой 1998-азы гуыр д М.К,-ы, кæцы зылынджын у бахъуыдыгонд марындзинады. Фыдракæнд йæ хъуыдыйы дары æнусон ахстæй æфхæрд.
МХМ-ы криминалон уагдоны хистæр Мамука Чъелидзе райхъусын кодта, цæмæй цæугæ азы 6-æм июлы, 112-мæ бацыд хъусинаг Аиш æмæ Гуырдзыстоны дывæрон æмбæстагдзинад, кæмæн ис ахæм дыууæ гоймагы æмæ сæ 4 аздзыд сывæллоны фæтаруыны фæдыл. Хъусинагы инициаторты информацийæ, фæтаруæвджытæ уыдысты Душеты районы Хадайы комы æмæ семæ бастдзианд аскуыд зæгъгæ.
«Полициæгтæ æмæ ирвæзынгæнджытæ уайтагъддæр æрывнæлдтой агурынæ мадзæлттæ уадзынмæ æмæ цæст ахастой хъусинагы мидæг бавдыст бынатыл. Барадхъахъæнджытæ фæтаруæвджыты сæрмагонд хæдтулгæ æмæ дзуамæттæ ссардтой Цъкъерейы хæъуы.
Ацы бон барадхъуахъхъæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ интенсивон агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, æхсæрдзæны донбылыл ссардтой 1976 азы гуырд Л,С,-йы мардыбуар. Фыццагон æрасты фæстиæгæн, буарыл нæ фæбæрæг тыхмидзинады нысæнттæ. Дарддæры агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, 7 июлы æхсæрдзæны алфæмбылай территорийыл афтæдæр ссардæуын 1975-æм азы гуырд Р.С.-йы мардыбуар.
Сæрыфыццагæй фæдæвзарæн цыдис Гуырдзыстоны тугтæрхоны кодексы 116-æм статийы 2-аг хайæ – царды скуынæг кæнын æнæхизгæдзинадæй, кæцы ракæнд уыд дыууæ æмæ фылдæр адæймагы ныхмæ. Медицинон жкспертизæйы Фыццаг бæрæггæнæнты райсты фæстæ, хъуыддагы квалификаци ивд æрцыд бахъуыдыгонд марындзинады статийæ» – райхъусын кодта Мамука Чъелидзе.
МХМ-ы куыд райхъусын кодтой афтæмæй, уагъд агурæн æмæ фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн, барадхъахъхъæнджытæ рацахстой марындзинады зылынмæ лæвæрд 1998-æм азы гуырд нæлгоймагы, кæцы йæ фыдракæндыл басастис.
«Уымæй уæлдай ма, фæдæвзарæн жкспертименты фæстиуæгæн, барадхъахъхъæнджытæ ссардтой 2014 азы гуырд сывæллоны мардыбуар дæр.
Фæдæвзарæнææй фæбæрæг ис, цæмæй цæугæ азы 4-æм июлы, Хадайы комы æхсæрдзæнтæй сæ иуы территорийыл, быцæудзырды рæстæджы, М.К., цуанон топпæйы фехста Р.С. æмæ йæ фырты, æмæ Л.С. та адагмæ ахаудта алидзын куы бахъавыд уæд æмæ амардис.
Ахстгонд ныууагъдта мард нæлгоймагы цауы бынатыл фæлæ сывæллоны буар та бамбæхста зæйы бын» – райхъусын кодта Чъелидзе.
Фæдæвзарæн уагъд цæуы, æгæр уæлайджын уавæрты дыууæ кæнæ фылдæр адæймаджы, сæ нымæцы фыдгæнæгæн раздæр æмбаргæйæ æнахъомы барæй марындзинады фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 109-æм статийы 2-аг хайы «Б» æмæ 3-аг хайы «А» дæпунктæй.
Фæдæвзарæны фæлгæтты фæмардуæвджыты мбуæрттыл уагъд цæуы алы æмбæлон экспертизæ. Фыдракæнд йæ хъуыдйы дары æнусонæй ахстæй æфхæрд.
Фæмардуæвджытæ Гуырдызстоны 6 азæй фылдæр у цы цæрынц, æрмæст дывæрон æмбæстагдзинад сæм лæвæрд æрцыд 2012-æм азы.
Æрцæугæ факты фæдыл, фæдæвзарæн дарддæр кæны» – райхъусын кодта Чъелидзе, МХМ-ы уагъд брифингыл.