МХМ- фыццагон  информацийæ, Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ  бабырста гарзджын уæнг
МХМ- фыццагон информацийæ, Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ бабырста гарзджын уæнг

Мидхъуыддæгты министрад  Кутаисы, Шота Руставелийы уынгыл  уæвæг  «Гуырдзыстоны Банкъы»  филиалы цур,  пъæлицæйон  мадзалы тыххæй  публикаци кæны фидиуæн.

Уагдоны  куыд   хъусын кæнынц афтæмæй,   мидхъуыддæгты министрады æмбæлон   хайадты  кусджытæ Кутаисы  Шота Руставелийы уынгыл  мобилизацигонд сты банкы цур.

МХМ-ы  информацийæ,  «Гуырдзыстоны Банкы»  филиалмæ балæбурдта   гарзджын уæнг.

«Пæълицæйы кусджытæ  бырсты фæдыл   хъусинаг райстæй уайтагъд,  виппайда реагиркæныны режимы  сæмбонд кодтой алыварс территори.  Ацытæккæ бынатыл   мобилизацигонд  барадхъахъхъæнджытæ алы хъæугæ  æмæ æнæаргъæвгæ процедурæтæ  æххæст кæнынц, афтæма  цæуы фæдагурæн  æмæ оперативон  мадзæлттæ.

Мидхъуыддæгты министрад  сиды медиайы  минæвæрттæм  æмæ æмбæстæгтæм,   бахъахъхъæнæнт  æдасдзинады  нормæтæ  æмæ бакоммæкæсæт  бынатыл пъæлицæйæгты  амындтæм», –   банысангонд у  фидиуæны.