МХМ- Фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, Минделлийы номыл Шахтæйы трагедий, иуæй-иу тунелы æнхъæлцау метаны стынд расидтис
Фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, минделлийы шахтæйы иуæй-иу тунелы, æнхълцау метаны стынды фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй æркалдис цар – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны МХМ.
Уагдоны хъусинагæй, цауы фæстиуæгæн фæмард 4 адæймаг æмæ зиæнттæ райстой 6.
«Цæугæ азы 16 июлы, боныцъæхыл «112»-мæ æрбацыд хъусинаг, ома сахар Тъхъибулы Минделлий номыл шахтæйы, цалдæр адæймаг райстой зиæнттæ. Хъусинаг райстæй уайтагъд мидхъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр департаменты кусджытæ, ирвæзынгæнæн куыст æмæ æнæаргъæвгæ медицинон бригадæтæ цауы бынатмæ бацыдысты.
Фæдагуырды фыццагон информацийæ шахтæйы иуæй-иу тунелы, æнхъæлцау метаны стынды фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй ныккалдис цар. Буары уæззау зиæнттæ райстой шахтæйы 4 кусæг, кæцытæ зиæнтты фæстиуæгæн, цауы бынатыл æрбамардысты.
Буары æндæр æмæ æндæр хуызы зиæнттимæ рынчындонмæ фæхæццæ кодтой ноджы 6 адæймагы.
Æрцæугæ фактмæ гæсгæ фæдæвзарæн райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240 статийы дыккаг хайæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары арæзтадон кæнæ æндæр куыстыты рæстæджы æдасдзинады фæткъойты саст», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.
Тъхъибулы шахтæйы бардарæг у компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди цæугæ азы 5 апрелы дæр æрцыд. Уæд цауы фæстиæгæн 6 адæймаг фæмард.