Барадхъахъъхæнджытæ акцийыл лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæй закъонон æркуырдмæ æнæкоммæгæсы фаткыл, администрацион барадсасты кодексы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ, администрацион уагæй 66 уæнгы æрцахстой», – уый фæдыл дзырдæуы МХМ-ы фидиуæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, зноны акцийыл МХМ-ы дæсы онг кусæг фæцæф ис.
«Акцигæнджытæ æнæхъæн æхсæвы дæргъы æндæр æмæ æндæр локацитыл халдтой æхсæнадон сæрфад æмæ быцæу лæууыдысты пъæлицæй кусджытæм. Акцийы хайадисджыты тыхон архæйдтыты фæстиуæгæн, мидхъуыддæгты министрады дæсы онг кусæн буары æндæр æмæ æндæр типы зиæнттæ райстой. Цæф сты æмбæстæгтæ дæр», – дзырдæуы фидиуæны.