МХМ æнахъомты порнографийы æнæзакъононæй æрцæттæ-реализацийы æмæ трефикингы аххосагæй организацигонд фыдгæнæг хызы ноджы 11 уæнгы æрцахста
Гуырдызстоны мидхъуыддæгты министрады централон криминалон пъæлицæйы департаменты кусджытæ, ауадзгæ фæдæвзарæг архæйдтыты фæстиуæгæн, æнахъомтæй базарады æмæ сæ нывтæжын порнографион æрмæджытæ æнæзакъононæй æрцæттæ-реализацийы аххосагæй, фыдгæнæг къорды ноджы 11 уæнгы – æнахъом сабиты ныйарджыты æмæ педагогы æрцахстой – уый фæдыл, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Владимер Борцвадзе, МХМ-ы уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Уагдоны хъусинагæй, зианбавзарæг æнахъомты барты хъахъхъæды нысанæй, дарддæр кæнынц æмбæлон психо-социалон мадзæлттæ.