МХМ - 31 декабры, 22:00 сахатæй Тбилисы, Руставелийы проспектыл æмæ Чъантуриайы уынгы алвæндагæй Элбакидзейы уырдыгмæ атомобильты змæлд фæтобæ уыдзæн.
Патрулон полицийы департамент уын хъусын кæны, цæмæй ногазон концертмæ гæсгæ, цæугæ азы 31 декабры, 22:00 сахатæй Тбилисы, Руставелийы проспектыл æмæ Чъантуриайы уынгы алвæндагæй Элбакидзейы уырдыгмæ атомобильты змæлд фæтобæ уыдзæн.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, филармониы стыр концертон залæй Руставелийы проспекты æрдæм атомобильтæ змæлдзысты Элбакидзейы уырдыгы уылты, æрмæст Сæриабры фæзæй Филармонийы æрдæм цæуæг автомобильты къада, Чъантуриайы уынгы уылты, сæхицæн æндон ардæмадæй.
Змæлд афтæдæр фæтобæ уыдзæн Руставелийы проспекты цæхгæрмæ алы уынгыл.
МХМ-ы хъусинагæй, автомобильты змæлд концерты фæудæй уайтагъд сног уыдзæн.
Патрулон полицийы экипажтæ фæнысангонд фадыгыл срæвдз кæндзысты фæндагон æдасдзинад æмæ срегулир кæндзысты атотранспорты змæлд.