Тбилисы 51-аг сколайы инциденты хайадисæг иуæй-иу æнахъомы фыд, Мирза Субелиани, сæйраг прокуррормæ басидтис куыстуæгъды фæдыл куырдиатæй.
Мирза Субелианийы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыртимæ иумæ, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ æрцæугæ æнамонддзинад йæхи цæстæй федта, фыццаг декабры бацыд полицийы уагдонмæ.
Мирза Субелиани хæлиу кæны фидиуæны, кæцыйы уын æнæивгæйæ æвдисæм:
«Фыццаджы дæр мæ фæнды мæ хъыгтæ зæгъон æрцæугæ трагедийы, дыууæ æнахъомы мæлæты тыххæй æмæ тæфæрфæс ракæнон сæ ныйарджытæн æмæ хæстæджытæн. Иттæг мæтæфтауæг у фæсивæды æхсæн ахæм быцæудзинад æмæ уыцы трагикон фæстиуæг, кæцы нæ шокъы бафтыдта æнæхъæн æхсæнад æмæ уый нымæцы мæн дæр.
Хъыгагæн, бæрæг къорды уæнгтæ мæ ном сбастой ацы уæззау цауимæ, барæй фендæргъуызон кодтой фактытæ æмæ дзыллæмæ бавдыстой мæнг информаци. Фæнды мæ бамбарын кæнон цæмæй мæ хъæбулимæ иумæ, кæцы æцæгдæр уыд æрцæугæ æнамонддзинады цæстæйфенæг, фыццаг декабры бацыдыстæм полицийы уагдонмæ, мæ хъæбул фæдæвзарæгæн ратта æххæст æвдисæндзырд æмæ æмгуыст кæны фæдгуырдимæ.
Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй мæ хъæбул ацы хъуыддаджы æвдисæн у, уымæн æмæ мæ нæ фæнды исты фарст фæзына фæдагуырды объективондзинады æрдæм, кæцы фыццаджы дæр мæ бинонты интерестæм цæуы, æз сидын Гуырдзыстоны сæйраг прокуррормæ, куырдиатæй мæ куыстæй сисыны фæдыл.
Ныфс мæ ис, цæмæй ацы скуыддзагы фæстæ уæддæр фæуыдзæн спекуляцитæ æмæ фæдæвзарæг уагдонæн уыдзæн фадат, нормалон уавæры рабæрæг кæна рæстдзинад. Уырнæг дæн, цæмæй рæстдзинад тагъд фæбæрæг уыдзæн æмæ фæдагуырд алы фарстæн ратдзæн дзуапп» – хъусын кæны Мирза Субелиани.