Мирза Субелиани йæ куыстæй йæхи уæгъд кæны
Мирза Субелиани йæ куыстæй йæхи уæгъд кæны

Тбилисы  51-аг сколайы  инциденты  хайадисæг   иуæй-иу  æнахъомы фыд,  Мирза Субелиани, сæйраг прокуррормæ басидтис куыстуæгъды фæдыл куырдиатæй.

Мирза  Субелианийы  ныхæстæм гæсгæ,  йæ фыртимæ иумæ,  кæцы йæ  ныхæстæм гæсгæ  æрцæугæ æнамонддзинад  йæхи цæстæй федта,  фыццаг декабры   бацыд  полицийы  уагдонмæ.

Мирза Субелиани  хæлиу кæны фидиуæны,  кæцыйы  уын æнæивгæйæ  æвдисæм:

«Фыццаджы дæр мæ фæнды  мæ хъыгтæ  зæгъон   æрцæугæ трагедийы,  дыууæ æнахъомы  мæлæты  тыххæй æмæ тæфæрфæс ракæнон   сæ ныйарджытæн æмæ хæстæджытæн.  Иттæг мæтæфтауæг у фæсивæды æхсæн   ахæм  быцæудзинад  æмæ уыцы  трагикон фæстиуæг,  кæцы нæ   шокъы  бафтыдта  æнæхъæн æхсæнад æмæ уый нымæцы мæн дæр.

Хъыгагæн, бæрæг къорды уæнгтæ мæ  ном сбастой ацы уæззау цауимæ, барæй  фендæргъуызон кодтой  фактытæ  æмæ  дзыллæмæ бавдыстой   мæнг информаци.  Фæнды мæ   бамбарын кæнон  цæмæй  мæ хъæбулимæ иумæ,   кæцы æцæгдæр уыд   æрцæугæ æнамонддзинады цæстæйфенæг,  фыццаг декабры  бацыдыстæм  полицийы уагдонмæ,  мæ  хъæбул   фæдæвзарæгæн ратта æххæст æвдисæндзырд  æмæ  æмгуыст кæны фæдгуырдимæ.

Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй мæ хъæбул  ацы  хъуыддаджы æвдисæн  у,   уымæн  æмæ мæ нæ фæнды  исты фарст фæзына фæдагуырды объективондзинады æрдæм,  кæцы фыццаджы дæр  мæ бинонты интерестæм цæуы,  æз  сидын Гуырдзыстоны  сæйраг прокуррормæ, куырдиатæй мæ куыстæй сисыны  фæдыл.

Ныфс мæ ис, цæмæй ацы  скуыддзагы  фæстæ уæддæр фæуыдзæн спекуляцитæ  æмæ   фæдæвзарæг  уагдонæн уыдзæн фадат,   нормалон  уавæры  рабæрæг кæна рæстдзинад.  Уырнæг дæн,  цæмæй  рæстдзинад  тагъд фæбæрæг уыдзæн  æмæ фæдагуырд  алы фарстæн ратдзæн дзуапп» – хъусын кæны  Мирза Субелиани.