Заза Саралидзе -  Сидын алкæмæ,  мæ хъæбул æмæ  мæ бинонтæй  политикъон  нысанæй  спайда кæнын  æмæ  спекуляцитæй  алырдгæй  сæхи бауромæт
Заза Саралидзе - Сидын алкæмæ, мæ хъæбул æмæ мæ бинонтæй политикъон нысанæй спайда кæнын æмæ спекуляцитæй алырдгæй сæхи бауромæт

Сидын алкæмæ,  мæ хъæбул æмæ  мæ бинонтæй  политикъон  нысанæй  спайда кæнын  æмæ  спекуляцитæй  алырдгæй  сæхи бауромæт –  уый тыххæй  Хоравайы уынгыл  мард  Давит Саралидзеы  фыд, Заза Саралидзе  аппеляцион  тæрхондоны   тæрхоныскъуыды  фæстæ,  журналисттæн  загъдта.

«Афæдз æмæ æрдæджы  дæргъы мæ тох тынг  дзæбæх  зонут  сымах дæр æмæ   дзыллæ  дæр. Фыццаг мæм фæзындис æнкъарæн,  цæмæй   рæстдзинад æнæмæнгæй хъуамæ сæндидза,  фæлæ уый нæ нысан кæны,  цæмæй  фæстагмæ  сæндидзыд, ай  у  хайгай   сног. ТОх нырмадæр даргъ кæны. Мачи ахъуыды кæнæт цæмæй  æрсабыр уыдзынæн кæнæ  мæхи айсдзынæн иуфарс.  Сидын хицауадмæ цæмæй  сæм тынг цъус рæстæг баззад. Ацы  тох  урæд не рцæудзæн,  закъоны раз алчи ратдзæн дзуапп. Никæмæн ницы ныббарын хъавын. Алы адæймагмæ  сидын, йæхи бауромæт  мæ хъæбулы нормæй  æмæ  мæ бинонтæй  политикъон нысанæй   пайда кæнын æмæ  спекуляцитæ кæнын.  Ныббарут мын  ацы ныхас фæлæ мæнæй  хуыздæр ничи зоны  мæ хъæбулы  сæрыл куыд рахæцон уый» –  райхъусын кодта Заза Саралидзе.

Аппеляцион  тæрхондон   æнахъом  Давит Саралидзейы  къордонæй барæй  марындзинады, Г.Дж.-ы  аххосджыныл бнымадта.Цыдæриддæр та  Г.Б.-мæ æххæссы, уыйы  æрдæм  зылынгæнæг фарсы  хъастимæ не сразы сты  æмæ  уыц  Давит Саралидзейы  барæй марындзинады   аппеляцион тæрхондоны коллегий  æнаххосыл банымадта.  Аппеляцион  тæрхондон йæ тыхы  ныууагъдта сахарон тæрхондоны  уынаффæ Леван Дадунашвилийы  марындзинады тыххæй  æмæ æ аххосджыныл банымадта  Г.Б.-ы. Уымæй  дарддæр ма,  сæ дыууæйæн  дæр ивд æрцыд  æфхæрды  амал æмæ сын стæрхон кодтой фæйнæ  11 азы æмгъуыдмæ ахст.

51-аг скъолайы  ахуыргæнинæгтæ  Давит Саралидзе æмæ  Леван Дадунашвилийы  2017  азы фыццаг декабры, Тбилисы, Хоравайы  уынгыл   мæлæтдзаг цæф  фæкодтой. Иу æнахъом  æрбамард цалынмæ йæ рынчындонмæ баластаиккой  уæдмæ. Иннæ  та –  бирæон цæфтæй  рынчындоны,  дыккæгæм бон  æрбамард.

Марындзинады  аххосагæй  дыууæ æнахъомы æрцахстой.  Дыууæ  æнахъомы  марындзинадæй  æхсæз мæйы  фæстæ, Тбилисы  сахарон тæрхондон  ахæсттæн сæ аххосагы  квалификаци фæивдта.  Тæрхонгæнæджы  скуыддзагæй  Г,Б.-йы  æрмæст  Леван Дадунашвилийы марындзинады  банымадтой  аххосджыныл æмæ йын 10 аз æмæ 6 мæйы  æмгъуыдæй  ахст стæрхон кодтой, æрмæст иннæ æнхъом Г.Дж.-йы Давит Саралидзейы  барæй  марындзинады бæсты, тæрхонгæнæг  Саралидзейы барæй  марындзинады   архайды  фæзылыныджын кодта æмæ  йын фараст  аз æмæ фараст мæййон ахст стæрхон кодта. Растдæр фæнысангонд  тæрхоныскъуыдыл бахъаст кодтой аппеляцион тæрхондонмæ  дыууæ  фарсы.