Прокуратурæ  фехсты фактыл, кæцыйы фæстиуæгæн  астæуккаг кары  сылгоймаг фæмард, пъæлицæйы кусæгы  æрцахста
Прокуратурæ фехсты фактыл, кæцыйы фæстиуæгæн астæуккаг кары сылгоймаг фæмард, пъæлицæйы кусæгы æрцахста

Тбилисы  прокуратурæйы  фæдагур  хайады кусджытæ,  Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты министрадимæ иумæйагæй  ауадзгæ фæдагурæн   мадзæлтты  фæстиуæгæн, Т.А.-ы æнæрхъуыдыйæ амарыны   фактыл зылынмæ лæвæрд, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министрады  кусæгы С.Г.-ы  æрцахстой.

«Хъуыддаджы фæдыл  уагъд   фæдаугырдæй  рабæрæг ис, цæмæй  нозтджын С.Г.  сæрмагонд  хæдзары  балконæй  æхсæнгарзæй   цалдæр хатт фехста. Фехсгæ нæмыг йæ  сæрыл сæмбæлд  хæстæг корпусы  цæрæг Т.А-йæн, кæцыйы фæстиуæгæн   уый  фæмард», –   банысангонд ум Гуырдзыстоны  генералон   прокуратурæйы информацийы.

Факт Тбилисы   Важа Пшавелайы   проспектыл, знон изæр æрцыд.  Астæуккаг кары   сылгоймаг фæмард, æнæнхълæгæй  æхсты фæстиуæгæн.  Уæуæг информацийæ,   сылгоймаг  сæрмагонд фатеры  уыд, кæцы  рæстæджы  дæр рудзынгы  авг ныцъцъæл ис  æмæ  сылгоймагыл  æмбæлд  нæмыг.