Михеил Рамишвили - ис мæм бæрзонд гæсты тыххæй бæрæг информаци, фæлæ нырма алцыппæт хъуамæ рабæлвырд кæнон
Кæцыфæнды версийы уæвыны бар ис, ницы ацух кæнин – уый фæдыл фæмардуæвæг Тамар Бачалиашвилийы бинонты адвокат, Михеил рамишвили медиимæ Бачалиашвилийы мæлæты фарсты фæдыл ахæлиугонд информацимæ гæсгæ райхъусын кодта.
Адвокаты дзырдæй, фæнысангонды фæдыл, уымæ ис бæрæг хъусинæгтæ, фæлæ фæдагур органмæ сæ æрмæстдæр рабæлвырд кæнын фæстæ бавдисдзæн.
«Алы версийы уæвыны бар ис. Тынг бирæ хæтты уыд ахæм цаутæ, æмæ журналистты равзаргæ бирæ верси сбæлвырд ис æмæ тынг хæстæг уыдысты рæстдзинадмæ. Ис мæм ацы бæрзонд гæстыл цыдæр информаци, фæлæ йæ хъуамæ рабæлвырд кæнон. Ницы ацух кæнин, бирæ дардылæххæссæг инфоормаци мæм ис. Фæлæ нырма алцыппæтæн хъæуы дзæбæх анализ саразын, рабæлвырд кæнын æмæ стæй бавдисдзынæн фæдагур органмæ ацы информаци» – райхъусын кодта Михеил Рамишвили.
Афтæма, бартæхъахъхъæнæгы информацийæ, абон зæгъгæ рабæрæг уыдзæн, кæд сырæздзæн хæдтулгæйы экспертизæ æмæ камерæты ныффыстыты райст.
«Уыцы локацитæм, цы ран змæлыд Тамар, нæй гæнæн адæймаг йæхи амарын фæндæй ацæуа. Ис нæм тынг бирæ æнхъæлц æмæ гуырысхо, цæмæй йын уыд фембæлд æмæ растдæр уый фæстæ спълан ис, йæ амарын. Нырма ацы камерæты ныффыстытæ нæ систой. Уый тыххæй, æнæаргъæвгæйæ хъуамæ сисæм ацы ныффыстытæ. Дыууæ бон у, фæдагур уагдонмæ бадæттон информаци ацы камерæты тыххæй. Прокуратурæ хъуамæ баздæха тæрхондонмæ куырдиатæй, цæмæй камерæты ныффыстытæ сиса» – райхъусын кодта адвокат.
Тамар Бачалиашвилийы мардæй 22 июлы, тетрицъхъаройы хъæды ссардтой.