Михеил Джанелидзе – Гуырдзыстон йæ фæндаг дарддæр кæны размæ æмæ пайда кæны алы практикон инструментæй альянсы уæнгсуæвынæн
Гуырдзыстон фæцæуы размæ æмæ пайда кæны алы практикон инструментæй, цæмæй баххæссæм альянсы уæнгсуæвыны кæронбæттæн нысанмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадты фæуды фæстæ расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, рабадты фæлгæтты 2017 азы афæдзон националон программæйы аргъгæнæн документ афæлгæстой æмæ альянсы уæнгтæ ивгъуыд азы схуыдтой æнтыстджынæй.
«Хъуамæ банысанæуа цæмæй Гуырдзыстон баххæссыд сæрмагонд прогрессмæ алы æрдæм, кæцы у националон программæйы бындур. Демокративон тынгады æрдгæй, экономикон æмæ хъахъæынады къабазты реформæты æрдгæй. Альянсы алы уæнг 2017 азæн аргъ скодтой, куыд тынг æнтыстджын афæдзæн афтæ. Гуырдызстон æцæгæйдæр хицæн кæны æмæ у æдасдзинады контрибютор регионы» – банысан кодта Джанелидзе.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры фидиуæнæй, камисы рабадтыл, 2018 азы самиты æнхъæлцытыл æруынаффæ кодтой.
«НАТО-имæ нæ æмгуыстад у тынг позитивон регионæн æмæ регионы æдадзсинадæн. Мах æруынаффæ кодтам 2018 азы саммиты æнхъæлцытыл дæр. Уыцы прогресс кæцы абон банысан ис, у уый бындур, 2018 азы саммит æнтыстджын уа Гуырдзыстонæн. Мах æнхъæлæм, цæмæй ацы прогресс æмбæлон æрцæудзæн æвдыст. Æнхъæл стæм, цæмæй Гуырдзыстон уыдзæн бавдыст æмбæлон форматты 2018 азы саммитыл. Стыр хъусдардæй æмæ активонæй кусæм Сау Денджызы æдадсзинадыл» – бафтыдта ма Джанелидзе.
НАТО-Гурыдзыстоны камисы рабадтыл, Михеил Джавнелидзе НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ сæрмагонд фембæлд сарызта.