Мидхъуыддæгты министрад æмæ ЛГБТ организацитæ, «Тбилиси Прайды» ауадзынмæ гæсгæ разындзинадмæ не рцыдысты
Мидхъуыддæгты министрад æмæ ЛГБТ организацитæ, «Тбилиси Прайды» ауадзынмæ гæсгæ разындзинадмæ не рцыдысты.
МХ министры хæдиджытимæг Натиа Мезвришвили æмæ Кахабер Сабанадзеимæ фембæлды фæстæ, Гуырдзыстоны адæмон барты сæрыл дзурæг журналисттæн загъта, цæмæй æркастысты æдасдзинады фарстатæ æмæ МХМ банысан кодта, цæмæй лæвæрд цауы зæгъгæ, тасы раз лæууы æнæ æрмæст «Тбилиси Прайды» уæнгты фæлæ ма æнæхъæнæй паддзахады æдасдзинад.
«МХ министрады æрдгæй уыдис æнхъарæн, цæмæй прайд уагъд ма æрцыдаит, уымæн æмæ уыцы хъуыддаг баст у æдадсзинады æрдгæй серьозон рискъимæ. Цæй зæгъын æй хъæуы уынаффæ исдзысты организацийы минæвæрттæ, фæлæ фембæлдыл атæдæр дзырд уыдис æндæр æмæ æндæр проблемæтыл æмæ фарстатыл, кæцытыл мæт кæнынц ЛГБТ æхсæнады уцæнгтæ, уый нымæцы, се рдгæй бавдыстæуыд æркуырд, цæмæй арызт æрцыдаиккой бæрæг политикъон фидиуæнтæ, афтæдæр дзырдтой бæрæг рекомендацитыл, кæцытæ сæ фæнды цæмæй хицауад ауадза сæ барты бахъахъъæнынæн» – райхъусын кодта фембæлды фæстæ Нино Ломджариа.
Йæ информацийæ, «Тбилиси Прайды» къурионы фæлгæтты плангонд æндæр культурон мадзæлттыл, кæцытæ уагъд цæудзысты æхгæд тыгъдады, МХМ цæттæ у максималон æдадсзинад срæвдз кæнын, кæцы полици арæх гом территоритыл саразын нæ бахъом вæййы.
ЛГБТ активисттæ кæцытæ фембæлды истой хайад, комментаритæ нæ сарызтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ уыдон ахæлиу кæндзысты фысгæ фидиуæн, сæрмагонд позицийы тыххæй.