Мевлут Чавушогълу – Уæрæсе æмæ  Украинайы бадзырдты бирæ элементтæ ис, сæ нымæцы нейтралитет
Мевлут Чавушогълу – Уæрæсе æмæ Украинайы бадзырдты бирæ элементтæ ис, сæ нымæцы нейтралитет

Хæстæн уæлахизгонд нæ вæййы,  саст та баййафынц  æнаххос  сабыр цæрджытæ –  уый фæдыл Турчы   фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, Анталиайы, Украинайы  æмæ Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Чавушогълуйы дзырдæй, зæгъгæ  фембæлдыл  Турк  хаххгондæй  банысан кодта, цæмæй Украинайы  гуманитарон  къæлидортæ  цыфæнды куылмпыдзинæдтæй  цух  хъуамæ  байгом уа.

Турчы  фæсарæн хъууыддæгты министрады  къудариуæггæнæджы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  æртæфарсон   фембæлды иуæй-иу   бонвæтк  Уæрæсейы   президент Владимир Путины  æмæ Украинайы  президент Володимир Зеленскийы  æхсæн фембæлды организацидзинад уыд.

«Фембæлд, сæрмагондæй  та лидерты æмвæзадыл, боны фæткы слæууыд. Украинаг  фарс, Зеленски, цæттæ у  ахæм фембæлдмæ. Лавров æмæ  Путин та  принципы нæйы зæгъгæ нæ  дзурынц.  Уæрæсе æмæ Украинайы  æхсæн бадзырдты бирæ элементтæ ис, сæ нымæцы  нейтралитет. Æппæтылæххæссæг   сабырадон   бадзырды къухбафыссыныл цæуы ныхас.  Зонут, цæмæй ахæм цауы Украинайы  фæнды, цæмæй  иуæй-иу бæстæт  уой гарантæй.   Сæ иу  у Турк. Абон  нæ  дыууæфарсон фембæлдыл  Кулеба  уый ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта», – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълу.