Мевлут Чавушогълу – Евроцæдисы ауæрæх хъуамæ уа Балкантæй Гуырдзыстоны онг
Евроцæдисы ауæрæх хъуамæ ахæлиу уа Балкантæй Гуырдзыстоны онг – уый фæдыл Турчы фæсарæн хуъыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, Бухаресты, НАТО-йы министериалы фæлгæтты цæугæ конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ, Европæйы æдасдзинады ног политикæ срæвдз кæнынæн, æнæмæнгхъæугæ у иудзинад.
«Мах ногæй хъуамæ ссарæн иудзинады фæнд, цæмæй Европæйы ног æдасдзинад сифтонг кæнæм. Ацы цæстæнгасы æрдзон дарддæрдзу у Евроцæдисы ауæрæхы перспективæ судæгас кæнын. Евроцæдисы ауæрæх хъуамæ ахæлиу уа Балкантæй Гуырдзыстоны онг, сæ нымæцы Украина æмæ Молдовæйыл. Æмæ ацы регион нæй гæнæн уа æнæхъæн, мæ бæстæйы – Туркæйы цух» – райхъусын кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр.