Оливер Вархей  хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы ауæрæх æмгъуыдтыл нæ фæлæ,  фæндыл, афтæма  Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты æрдгæй дзырдлæвæрды сыххæстыл у баст
Оливер Вархей хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы ауæрæх æмгъуыдтыл нæ фæлæ, фæндыл, афтæма Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты æрдгæй дзырдлæвæрды сыххæстыл у баст

Евроцæдисы  сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар Оливер Вархей  хъусын кæны, цæмæй  Евроцæдисы  ауæрæх  æмгъуыдты нæ фæлæ, фæндыд, афтæма  Евроцæдисы  æмæ   партнер бæстæты æрдгæй    дзырдлæвæрды сыххæсты фарста у.  Фæнысангонды фæдыл, Оливер Вархей  Испанийы  горæт  Толедойы  Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты министрты  æнæформалон фембæлды  размæ  райхъусын кодта.

Еврокомиссары бафарстой  Европаг Советы  президент Шарль Мишелы  фидиуæны тыххæй, кæцымæ  гæсгæ дæр, Евроцæдис цæттæ хъуъамæ уа  2030 азмæ  ног уæнгты  райсынмæ.  Фарстыл зæгъгæ, цас реалон у  Евроцæдисы  ауæрæхы  ацы æмгъуыд, Оливер Вархей  сдзуапп кодта:

«Кæд уый у Советы æрвитæггаг, ома советы фæнды, фæстагмæ  стыр  къахдзæф саразын, цæмæй æрцæуа  ауæрæх, уæд уый æхсызгон у.  Кæй зæгъын æй хъæуы, Еврокомисси  кæддæриддæр цæттæ у, бавдиса инициативæ, кæцы нæ уырдæм бакæндзæн.  Нæ  хъуыды кæнын. цæмæй  уый  уа баст æмгъуыдтыл,  мæнмæ гæсгæйæ,  уый фылдæр фæндыл æмæ кæй зæгъын æй хъæуы,  дзырдлæвæрд сыххæстыл у баст – Евроцæдисы æрдгæй, афтæма  Ныгуылæн Балканты  нæ партнер  бæстæты кæнæ  æндæр æртæ кандидаты бæстæйы æрдгæй.

Еврокомисси цæттæ у бавдиса  инициативæ  ацы нысанмæ баххæссынæн æмæ уый октябры фендзыстут, кæцы рæстæджы дæр нæ фæнды  бавдисæм  архайадон  æнхъарæнтæ, уый нымæцы  рæзты план, кæцыйы  фæдыл æмбарынгæнæн президент нырид сарызта Братиславайы, ома мах фæтагъд кæндзыстæм  æнæрмæст институцион, фæлæма  реалон интеграци дæр, Евроцæдисы адæмты æмæ экономикæты реалон  интеграци», –  райхъусын кодта  Оливер Вархей.