Мевлут Чавушогълу – Евроцæдисы ауæрæх  хъуамæ уа  Балкантæй Гуырдзыстоны онг
Мевлут Чавушогълу – Евроцæдисы ауæрæх хъуамæ уа Балкантæй Гуырдзыстоны онг

Евроцæдисы ауæрæх  хъуамæ  ахæлиу уа  Балкантæй  Гуырдзыстоны онг – уый фæдыл  Турчы фæсарæн хуъыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, Бухаресты, НАТО-йы министериалы фæлгæтты  цæугæ конференцийыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ, Европæйы æдасдзинады ног политикæ срæвдз кæнынæн, æнæмæнгхъæугæ у  иудзинад.

«Мах ногæй хъуамæ ссарæн иудзинады фæнд,  цæмæй Европæйы ног æдасдзинад сифтонг кæнæм.  Ацы цæстæнгасы æрдзон дарддæрдзу у  Евроцæдисы ауæрæхы  перспективæ судæгас кæнын.  Евроцæдисы  ауæрæх  хъуамæ ахæлиу уа  Балкантæй Гуырдзыстоны онг, сæ нымæцы  Украина æмæ Молдовæйыл. Æмæ ацы  регион нæй гæнæн уа æнæхъæн, мæ бæстæйы –  Туркæйы цух» – райхъусын  кодта  Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр.