«Файненшл Таймс» - Евроцæдисы  уæнгтæн, Украинайы, Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ Балканты æхсæз  бæстæйы  уæнгсуæвын  250 миллиард евройæ  фылдæр сбаддзæн
«Файненшл Таймс» - Евроцæдисы уæнгтæн, Украинайы, Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ Балканты æхсæз бæстæйы уæнгсуæвын 250 миллиард евройæ фылдæр сбаддзæн

Евроцæдисы уæгты фараст ног бæстæйы – Украинайы, Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ Балканты æхсæз бæстæйы уангсуæвын  250 миллиард евройæ фылдæр  сбаддзæн. Уый фæдыл   дзырдæуы   статийы, кæцыйы  бритайнаг рауагъдад  «Файненшл Таймс» публикаци кæны.

Уыимæ «Файненшл Таймс» Евроцæдисы мид иртасæныл  æнцойæ  куыд  фыссы  афтæмæй,  Украинайы   евроцæдисмæ райсты цауы,  иннæ  авд азы мидæг  Киев  186 миллиард евро райсдзæн.

Ацы документмæ гæсгæйæ,   кæцыйы  бахыгъдгонд у  Евроцæдисмæ Украиайы, Молдовæйы, Гуырдзыстон æмæ ноджы Балканты æхсæз бæстæйы уæнгсуæвын дзырдæуы,  цæмæй   организацийы  уæвæг бюджетон  закъонтæ æнæивгæйæ ныууадзыны цауы, фараст бæстæйы райст Евроцæдисы уæнгтæн 256 миллиард евройæ сбаддзæн.

Уыцы  бахыгъдæй   нысаниуæгджынæй фæкаддæр уыдзæн   хъæууон-хæдзарадон  сферæйы  субсидирдзинад.

«Алы уæнг бæстæйы  бахъæудзæн фылдæр бафидын  æмæ къаддæр расын   Евроцæдисы  бюджетæй.  Бирæ бæстæ, кæцы ныр  бюджетæй исы субсидитæ,  фестдзæн контрибюторæй æмæ  иннæрдæм, Евроцæдисы бюджетмæ  суммæйы  бахæссын бахъæудзæн» – дзырдæуы  Евроцæдисы  советы  документы  хатдзæгы.

Ацы прогнозмæ гæсгæйæ,   фараст ног уæнгы  райсты фæстæ Евроцæдисы бюджет райрæздзæн  21%-æй  æмæ 1,47  триллион  евройы бæрц суыдзæн.

«Файненшл Таймсы» хъусинагæй,   Евроцæдисы  лидертæ   ауæрæхы  фарстатыл фыццаг  деталон   уынаффæ   райсом  Гранадæйы  плангонд  фембæлдыл  ауадздзысты.