Мевлут Чавушогълу – Нæ фæндон у, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты  сабырадонæй аскуыддзаг уа  Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты фарста
Мевлут Чавушогълу – Нæ фæндон у, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты сабырадонæй аскуыддзаг уа Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты фарста

Нæ фæндон у, Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты  сабырадонæй  алыг уа, Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  конфликты  фарста –  уый фæдыл Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Мевлут Чавушогълу Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ  фембæлды фæстæ  иуæмйаг пресс-конференцийыл райхъусын  кодта.

Йæ дзырдæй зæгъгæ æндæр  фарстатимæ иумæ,  афтæдæр фæныхас дыууæдæр  бæстæйæн нысаниуæгджын  æдасдзинады фарстæтыл.

«Нæ  дзæбæх сыхагы æмæ  хæлар  бæстæйы  минæварæн,  мæ  зынаргъ хæларæн, Илиа Дарчиашвилийæн   зæрдиаг радзырдтон ацы æрдгæй  нæ  хъуыдыты  æмæ æнхъæлцыты фæдыл, кæцы  конкретонæй æххæссы Фетулла Гюллены  террористон организациимæ баст  фарстатæм.  Зондзыстут,ц æмæй  Турк  у Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион  æнæхъæндзинады иуæй-иу  сеппæтæй  хъæддых  фарсхæцæг. Афтæма, Турк  кæддæриддæр йæ фарс  хæцы  Гуырдзыстонæн  евро-атлантикон  тырнынады æмæ НАТО-мæ интеграцийы  процессы.  Нæ  ацы фарсхæцын ноджы иу  хатт роавдыстам  фæнысангонд фембæлдыл  æмæ  афтæдæр ахсджиаг у, цæмæй нæ фæндон у,  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты сабырадон фæндагæй  аскуыддзаг уа  Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  конфликты фарста» – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълу.

Йæ дзырдæй,   зæгъгæ абоны  фембæлдыл фæныхас кодтой  куыд дыууæфарсон, афтæ  регионон  æдасдзинады боны фæткы фарстатыл.

«Фæныхас кодтам Украинайы æмæ Къарабахы  фарстатыл, кæрæдзийæн базонын кодтам иттæг нысаниуæгджын  хъуыдытæ  ацы  фарстаты тыххæй.  Зондзыстут, не стыр тыхархайд, цæмæй регионы  сфидар уа  сабырдзинад фæстагмæ  æмæ æрбынат кæна стабилондзинад, уый у  иттæг нысаниуæгджын æмæ Гуырдзыстон дæр ацы  процессы активон   исы хайад.  Æххæст кæнæн иттæг   нысаниуæгджын  механизмтæ.  Ацы  цæстæнгасæй,   ахсджиаг у Гуырдзыстоны, Турчы æмæ Азербайджаны   æмкуысткæнынады  механизмтæ.  Регионы  уæвæг   уавæрмæ гæсгæйæ,  бæрæг у Гуырдзыстоны  позици «3+3»  форматмæ гæсгæ, фæлæ  ацы  этапыл  дарддæр кæнæм  «3+2»  форматы регионы цæугæ   процессты фæдыл  бадзырдтæ.  Афтæма иттæг нысаниуæгджын у  фæстаг периоды  айтынггонд иуæй-иу фæзынд, сæрмагондæй та, Гуырдзыстон куы сфысым кодта  Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлдæн.  Мæхæдæг фæныхас кодтон    не æфсымæрон республикæ, Азербайджаны  министр  Джейхун Байрамовимæ, кæцы банысан кодта, цæмæй тынг райгонд баззад   ацы фембæлдæй æмæ   фембæлдыл  цы  фæстиуджытæм æрцыдысты  уымæй.   Уый у иттæг нысаниуæгджын  фарстатæ  Гуырдзыстоны æмæ  регионы бæстæты, афтæма  Турчы хайадæй, регионы  сабырдзинад  сфидар кæныны фарстатæ.  Уымæ гæсгæ дæр, нæ иумæйаг  тыхархайд  ацы æрдæм  нлджы  активон дæр суыдзæн» – банысан кодта Мевлут Чавушогълу.

Турчы фыццаг дипломат  йæ раныхасы кæрон  ноджы иу  хатт бæлвырд  загъта  Гуырдзыстонæн фарсхзæцыны тыххæй.

«Мæ  раныхасы кæрон мæ фæнды ноджы иу хатт  сбæлвырд кæнын Турчы позици æмæ  ноджы иу хатт  банысан кæнын нæ фарсхæцын, Гуырдзыстонæн цæстуарзондзинад, куыд нæ  дзæбæх сыхаг æмæ æнгом æмахастытæ нын кæйимæ ис ахæм паддзахадæн.   Адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуыст кæнын куыд дыууæфарсон, афтæ регионон фарстатæм  гæсгæ» – банысан кодта Мевлут Чавушогълу.