Мерседес Вера-Мартин – Гуырдзыстоны реформæты программæ планмæ гæсгæ цæуы, экономикæйы рæзынад 2019 азы фыццаг кварталы бæрзонд уыдис
«Гуырдзыстоны реформæты программæ уагъд цæуы планмæ гæсгæйæ, цыппæрæм афæлгæстæн æнæмæнгхъæугæ аууæлтты фылдæры хай æххæст сты» – райхъусын кодта Æхсæнадæмон Валютон Фонды миссийы къухдариуæггæнæг Мерседес Вера-Мартин брифингыл, кæцы баст уыдис, цæугæ программæ « Ауæрæхгонд финансдзинады механизмы» æмæ ацыд Гуырдызстоны хицауады администрацийы.
«Гуырдзыстоны Экономикон рæзынады прогноз 2019 азмæ у 4,6%, инфляци та цъус уæлдай уыдзæн 3 процентæй, фылдæр тамакойыл акцизты рæзты тыххæй. Структурон реформæтæ æмæ инфраструктурæмæ инвестицитæ сцырын кæндзысты рæзынад æхсæнæмгъуыдон перспективæйы, кæцы æввахсæй-æввахсмæ аххæссдзæн 5,25%. Цæугæ хыгъдлæвæрды дефицит, сындæггай къаддæр кæндзæн, кæцы баст уыдзæн базарадон баланс фæхуыздæримæ», – райхъусын кодта Мерседес Вера-Мартин.