Мерседес Вера Мартин - Гуырдзыстоны цæугæ программæйы фæлгæтты æмтгæйон æххуысы суммæтæ 450 милуан АИШ доллармæ ахæццæ уыдзысты
Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ) миссийы æхсæзæм афæлгæсты фæуды фæстæ, Гуырдзыстонæн рæувадат суммæтимæ иумæ, æмтгæйон æххуыс Гуырдзыстоны, цæугæ «Уæрæх финансдзинады механизмæй» бæлвырд программæйы фæлгæтты 450 милуаны онг АИШ-ы доллармæ аххæсдзæн, – уый фæдыл ÆВФ-ы миссийы къухдариуæггæнæг, Мерседес Вера Мартин фехъусын кодта.
ÆВФ-ы информацийæ, цæугæ азы 1-13 апрелы Æхсæнадæмон Валютон Фонды мисси, Мерседес Вера Мартины разамындæ, бадзырдтæ ауагъдта Гуыдзыстоны хицуадимæ, Гуырдзыстоны цæугæ «Уæрæх финансдзинады механизмæй» бæлвырд программæйы æхсæзæм афæлгæсты фæуды æмæ программæйы суммæ фæфылдæры фæдыл.
Мерседес Вера Мартин куыд дзуры, афтæмæй зæгъгæ продуктивон дискуссийы бындурыл Гуырдзыстоны хицауад æмæ ÆВФ-ы мисси æрныхас кодтой Гуырдзыстоны цæугæ программæйы æхсæзæм афæлгæсты æнтыстджынæй фæуды фæдыл.
«ÆВФ-ы бал рекомендаци дæтты ÆВФ-ы æххуысы æмтгæйон суммæ фæфылдæры фæдыл квотæ 130 процентæй ( 375 милуаны бæрц АИШ долларæй), кæцы ахъаз уыдзæн æнæнмзхъахъхъæды æмæ макроэкономикон стабилизаийы мадзæлтты сфинанс кæнынæн, сæххæст кæндзæн COVID-19 пандемийæ расайгæ фидтонон балансы домæнтæ; мобилизаци скæндзæн æхсæнадæмон дзыллæйы æххуыс. Ацы суммæйы хай, 200 милуаны бæрц АИШ доллар, уыдзæн бюджетон æххуыс, кæцы бæстæйы хицауадæн баххуыс уыдзæн тагъд медицинон æмæ социалон-экономикон хъæуындзинæдтæ аскуыддзагы. Суммæйы ацы хай бæстæйæн рæувадат суыдзæн æххæстгæнæг директорты совет, куыддæриддæр программæйы афæлгæст сбæлвырд кæндзæн, афтæмæй», -райхъусын кодта ÆВФ-ы миссийы къухдариуæггæнæг.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ миссийы æмвæзадыл æрцæугæ ацы бадзырды ÆВФ-ы æххæстгæнæг совет, цæугæ азы зæрдæвæрæны мæйы райдианы æркæсдзæн.