Мераб Двалишвили - мæ бæстæйы 20 процент оккупацигонд у, Уæрæсе раст уый аразы ацытæккæ Украинайы #1TVSPORT

Мераб Двалишвили  UFC-ы  фæдфæдыл 7-æм хатт фæуæлахиз ис. Гуырдзиаг  хæцæг  карьерæйы вæццæгæн  сегасдæр ахсджиаг   тох  рамбылдта æмæ  легендарон бразилиаг  Жозе Альдойы  абырста.

Тохы фæстæ  лæвæрд пресс-конференцийыл  журналист Двалишвилийæн  бакой кодта Хабибы æнгæс кæй хæцы, цæуылдæр гуырдзиаг дзуапп ратта:

«Алы адæймаг  хъауджы  у æмæ  нæ кæрæдзийы къопи ис нæ бон нæу.   Хабиб хицæн кæны, уый у спорты легенда, фæлæ  мах  тынг хъауджы стæм. Дыууæдæр стæм иу регионæй, Кавказæй. Нæ культурæтæ кæрæдзимæ хæстæг сты.  Уыдон  Кавказы рагъы иннæ  рдгæй   цæрынц, мах  та  ацы æрдгæй.  Уыдон пысылмонтæ сты, мах –чырыстæттæ.  Хабибæн дæлвырд æвдисын  мæ  цытлæвæрд, фæлæ æз Хабиб нæ дæн, æз дæн Мераб Двалишвили.

Хабиб Уæрæсейы  номæй хæцы. Йæ  бæстæ иу рæстæджы  уыдис хæдбар, ныр Уæрæсейы  сконды ис. Хуыцауæн бузныг,  ай у  хæдбар Гуырдзыстоны  картæ (Мераб  журналисттæн  Гуырдзыстоны картæ æвдисæг медальон  равдыста).  Æз куы райгуырдтæн, Уæрæсе  ацы  хай  бацахста (Абхаз), 2008 азы та  ацы территори  (Самачабло). Фæнды мæ  хъæрæй зæгъын – Уæрæсе у оккупант!  Уæрæсе  оккупаци скодта  мæ бæстæйы 20  процент.  Уæрæсе  ацытæккæ  уый аразы  Украинайы.  Мæлынц æнаххос адæм. Махæн нæ бон у ацы хæст, ацы æррадзинад  бауромын», –  райхъусын кодта Мераб Двалишвили.