Медийы информацийæ, сомихæгты геноцид банымады резолюци, блокъæвæрд Урс Хæдзары æркуырдæй æрцыд
Сомихæгты геноциды банымады фæдыл резолюцийыл блокъ, Сенаты республикаг сенатор, Линдси Гремм, Урс Хæдзары æркуырдæй сæвæрдта. Уый фæдыл интернет-портал «Аксиос» хъусын кæны.
Ахæлиугонд информацийæ, овалон кабинеты Турчы президентимæ фембæлды фæстæ, Линдси Греммæ Урс Хæдзары иуæй-иу бæрзонд гæс бацыд æмæ йæ æркуырдта, Сенаты халæппæрстыл резолюцийыл блок сæвæрдтаит.
Уæдмæ та, Конгрессы минæвæртты палатæ фæнысангонд резолюци 405 хъæлæсæй, 11-ы ныхмæ сбæлвырд кодта.
Геноцид банымадтой 30-æй фылдæр бæстæ, сæ нымæцы Германи, Франц æмæ Итали.