Урс Хæдзары циникон политикон маневрæй хонынц республикæгты план, минæвæртты палатæй хъæлæс кæнынмæ рахæссой  Израилæн æххуысы закъононпроект Украинайæн æххуысæй  цух
Урс Хæдзары циникон политикон маневрæй хонынц республикæгты план, минæвæртты палатæй хъæлæс кæнынмæ рахæссой Израилæн æххуысы закъононпроект Украинайæн æххуысæй цух

Урс Хæдзары циникон маневрæйы хонынц республикæгты планы,  минæвæртты палатæйы  хъæлæскæнынмæ рахæссой  Израилæн æххуысы  закъонопреоктæн, Украинайæн æххуысæй цух, –  уый фæдыл  дзырдæуы  Урс æдзары  пресснымæрдары   Карин  Жан-Пьеры фидиуæны.

Урс Хæдзары минæвары дзырдæй,  Израилæн  æххуыс хъуамæ уа  сыгъдæг æмæ  дзы ма спайда кæной уымæй  политикон хъæзтытæн.

Урс Хæдзары куыд банысан кодтой афтæмæй,  мæйты  дæргъы  президенты админтраци сенаторты дыууæпартион  къордимæ иумæ  куыста националон  æдасдзинады фарстатыл, кæцы ифтонг кæны  арæнты хъахъхъæдад æмæ Украинайæн æмæ Израилы адæмтæн æххуыс  æмæ æмбæлгæ закъонопроект  нырид  хæстæг сфидар кæнынмæ.

«Закъондæттæг  тексты райст æнæфæзилгæ куы у уыцы рæстæджы, минæвæртты палатæйы республикæгтæ  рацыдысты сæ  фæстаг  циникон   политикон   маневрæй.  Израилы  æдасдзинад  хъуамæ   уа  сыгъдæг æмæ ма уа  политикон хъазт. Мах йæ ныхмæ стæм  ацы хæйрæгдзинадæн, кæцы æппын ницы  аразы  арæнты æдасдзинадæн, ницы аазы  Украинайы  адæмæн баххуыс кæнынæн,  баиргъæвой  сæхи  Путины  агрессийæ æмæ нæзагъд кæны   гуманитарон æххуысы  палесстинаг æмбæстæгтæн, кæцыты фылдæры хай сты  сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ», –  дзырдæуы   фидиуæны.

Урс хæдзар сиды минæвæртты  палатæйы  республикæгтæм, националон æдасдзинады  ацы архайадон  фарстатæм гæсгæ  бакусой дыууæпартионæй,  уый президенты администраци æмæ  сенат куыд кæнынц афтæ.