Медицинон хо, кæцыйы æнæниздзинады уавæр вакцинацийы фæстæ фæкарз ис, Ахалцихейæ Тбилисмæ æрласдзысты
Медицинон хойы, кæцыйы æнæниздзинады уавæр вакцинацийы фæстæ фæзын ис, Ахалцихейæ Тбилисмæ фæцæйласынц, – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, медицинон хойæн бынатыл бантыстис æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс æмæ банысан кодта, цæмæй æнхъæлцау, сылгоймагæн уыдис анафилаксикон реакци.
«Абон Ахалцихейы «Имедийы» клиникæйы, кæцы нырид æртыккæгæм бон у вакцинаци аразы, æмæ низы ныхмæ бафтыдта 16 адæймагы, 12:15 сахатыл, низы ныхмæ æфтыд æрцыд нæ коллегæ 27 аздзыд сылгоймаг. Куыд æй зонын, афтæмæй, систематонæй иу цыдис гриппы ныхмæ вакцинацимæ æмæ ахæм развæлгъау информаци, цæмæй анамнезы аллергион реакциты тыххæй ницы бавдыста. Ацы вакцинæйы фæстæ, сылгоймаг æрсидтис комкоммæ эфиры медицинон персоналмæ вакцинацимæ рацæуын. Хъыгагæн, 30 минутмæ йын сæвзæрдис æнæаргъæвгæ реакци, нæ зонæм, уыдис аллергион, кæнæ æндæр типы реакци. Ахæм виппайды реакци гæнæн ис æндæр æмæ æндæр аххосæгтæй уа. Фæлæ нын дохтыртæ дзурынц, цæмæй фылдæр уыдис анафилаксикон реакцийы æнгæс. Адæймагæн бынатыл баххуыс кодтой, ацы рæстæджы, анафилаксикон реакциты рæстæджы, протоколоæй куыд у бæрæг, афтæ. Реакцийæн не схос ис æмæ йæ аргъæвдтой реанимацион хаймæ. Рынчыны уавæр виппайды фæкарз ис, æнæмæнгхъæугæ сси инкубаци æмæ йæ улæфæн аппаратмæ баиу кæнын. Ныр бынатмæ ныццыд катастрофæты медицинæйы бригадæ æмæ райдыдта рынчыны эвакуаци Тбилисмæ. Дохтыртæ алцыппæт сараздзысты уымæн цæмæй , рынчыны аирвæзын кæной», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, параллелонæй райдыдта цауы бацахуыр, медицинон куысты регуляциты агентад. Уыимæ иумæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, процессы баст сты иммунизацийы æдасдзинады экспертты националон комитеты уæнгтæ.
«Ацы зтапыл, цалынмæ иртæст нæ фæуыдзæн, уæдмæ аххосаг-фæстиуæгы бастдзинадыл ныхасы гæнæн нæй» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Ахалцихейы абон коронавирусы ныхмæ вакцинæ саразыны фæстæ иу медицинон хо йæхи взæр фæхатыд. Цау «Имедийы Клиникæйы» абон æрцыд. Дохтыртæ куыд дзурынц афтæмæй, 30 азы онг кары сылгоймагы уавæр уæззау у. Бынатыл уыд быцæудзинад дæр, сылгоймагы хæстæджытæ клиникæйы æвгтæ ныцъцъæл кодтой. Клиникæйы цур ацы рæстæгмæ сты барадхъахъхъæнджытæ.