Медиаорганизацитæ «Тв Пирвелийы» операторы, Лексо Лашкаравайы мæлæты фæдыл дипломативон корпусмæ сидт æрвитынц
Медиаорганизацитæ «Тв Пирвелийы» операторы, Лексо Лашкаравайы мæлæтмæ гæсгæ дипломативон корпусмæ куырдиат æрвитынц.
Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны медийы минæвæртты барты халыны цаутæ критикон арæнмæ бахæццæ ис. Ацы рæстæджы абоны онг медийы ныхмæ æрцæугæ дæсгай фыдракæндыл фæдагуырд нæ уыд.
«Хицауад нæ ифтонг кæны журналистты æдасдзинады хъахъъхæд, хицаугæнæг партийы минæвæртты фидиуæнтæ та, ноджы фылдæр удцырын кæнынц тыхмидзинад.
2021 азы 5 июлы «Намысы маршы» ныхмæ уагъд контракцийыл тыхмигæнæг кордты уæнгтæ медийы минæвæрттæм развæлгъау фæндæй балæбурдтой, æфхæрдтой сæ физиконæй æмæ дзырдæй, барæй сын ныцъцъæл кодтой сæ техникæ, цæмæй фæхъыгдардтаиккой сæ журналистон куыст.
Æмбæстагон секторы развæлгъау сидтытæм нæкæсгæ, паддзахад нæ райста æмбæлгæ мадзæлттæ медийы минæвæртты бахъахъхъæнынæн. Æнæгъгъæд пъæлицæйы тыхтæ нæ истой мадзæлттæ журналистты бахъахъхъæнынæн. Уымæй фылдæр ма, 5 июлы, хицауады рабадты размæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили уавæры гæнæн фæкарзыл бæрн сæвæрдтæ контракцийы уæнгтыл нæ фæлæ, «Намысы маршы» организатортыл æмæ сæм æрсидтис, ма ауагъдаиккой марш Руставелийы проспектыл» дзырдæуы фидиуæны.
«Курæг стæм Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы æмæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттæй, уайтагъд æмæ эффективон реакци скæнæт Руставелийы проспектыл 5 июлы медийы минæвæтты нысанонæй сурыныл, æнæниздзинад базиан кæныны, профессион хæстæ сыххæсты рæстæджы фæхъыгдарды факттыл æмæ Гуырдзыстоны хицауады æнархайдыл» – банысангонду сидты.
Сидтыл къух фыссынц Гуырдзыстоны архайæг телеуынынадтæ, радио станцæтæ, информацион агентадтæ æмæ журналистон организацитæ. Сæ нымæцы Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, Æхсæнадон Уацхæссæг.