Медиайы хъусинагæй, Уæрæсе массивон ракетон бырст сыххæст кодта Одессæйы регионыл,  Украинайы уæлдæфон иргъæфы тыхтæн бантыстис 17 «Шахеды» типы æнæпилот тæхæн аппараты сæнæзианхъом кæнын
Медиайы хъусинагæй, Уæрæсе массивон ракетон бырст сыххæст кодта Одессæйы регионыл, Украинайы уæлдæфон иргъæфы тыхтæн бантыстис 17 «Шахеды» типы æнæпилот тæхæн аппараты сæнæзианхъом кæнын

Уæрæсе  массивон  бырст сыххæст кодта  Одессæйы  регионыл, уæлдæфон  иргъæфы системæ «Шахеды» типы 17  æнæпилот тæхæн аппараты æрыппарста. Инфоормаци хъусын кæны  украинаг медиа.

«Уырыссаг террористтæ, 3,5  сахаты дæргъы  æххæст кодтой бырст  Одессæйы регионы  хуссармæ  æнæпилот тæхæн аппараттæй, 17 æрыппарын   бантыстис  нæ  уæлдæфон иргъæфы тыхтæн»  райхъусын кодта Одессæйы  зылды  хуссары  хъахъхъæнынады тыхты  къухдариуæггæнæг  Олег  Кипер.

Киперы дзырдæй, массивон  бырсты фæстиуæгæн  Измаилы, цы  ран  ис  Украинайы иуæй-иу сæйраг  Дунайы порт,  базиан сты  æвæрæнтæ,  хъæууон-хæдзарадон  техникæ,  кондадтæ.  Афтæма  састыты  æрхауды тыххæй   цалдæр объектыл фæзынщдис сыгъд.

Фæмардуæвджыты æмæ  цæфты  фæдыл  информаци ацы рæстæгмæ нæй.

«Алы æмбæлгæ  куыст бынатыл  дарддæр кæны кусын. Барадхъахъхъæнджытæ   хынцынц  уырыссæгты фыдракæндтæ», –  банысан кодта  Кипер.