Марнеулы раздæры мэр Темур Абазовмæ æрдау кодтой – уый фæдыл информацийы Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодта йæ адвокат Звиад Асатиани, кæцы развæлгъау ахсты изоляторæй цалдæр минуты размæ рацыд.
Звиад Асатиани хъусын кæны, цæмæй ахстгонд пайда кны æнæсдзырды барæй.
Адвокаты ныхæстæм гæсгæ, Темур Абазов йæхи дзæбæх хаты æмæ æндæр детæлттыл ныхас кæнын йæ бон нæу уымæн æмæ йæм , хъуыддаджы æрмæджытимæ æрзонгæйы фадат ацы афонмæ нæ фæцис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаджы æрмæджытимæ абон æрзонгæ уыдзæн.
Марнеулы æмбæстаг Элчин Алахвердиевы æрдæм сæххæст æгадгæнæгæмæ æнæадæймагон ахасты фактыл, прокуратурæ знон зылынмæ лæвæрды статусæй æрцахста Марнеулы муниципалитеты мэр Темур Абазовы, æрмæст ацы æмбæстагы нады фактыл, тугтæрхоны барадон фæдылдзу райдыдта Гуырдзыстоны парламенты уæнгы, партий «Иууон Националон Змæлдæй» Азер Сулеймановы, Марнеулы муниципалитеты сакребулойы уæнгы, партий «Гуырдзиаг Бæллицæй» Рамин Алахвердиевы æмæ Марнеулы мэры хæстæгы, æмбæстаг Э.Г. æрдæм.
Социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг Марнеулы цæрæг уæнгæ æгадгæнæг уавæрты куры хатыр, «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвилийы æмæ Марнеулы мэры Темур Абазовы дзырдæй æфхæрыны тыххæй. Фæнысангондм æгсгæ, Марнеулы бынæттон радион афтæдæр студи «Монитор» æрцæттæ кодтой репортаж. Репортажы мидæг ныхас цæуы уый фæдыл, ома гоймаг кæцы æнхъæлцау æгадгæнæн ахасты амæттаг у, цалдæр боны размæ Тбилисы, Руставелийы проспектыл, акцийыл фыст видеойы, «Гуырдзиаг бæллиццы» минæвæртты æфхæрдта. Фæстæдæр социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг уый æгадгæнæн уавæрты хатыр куры.