Руставы прокуратурæйы брифинг снысан ис 14:00 сахатмæ.
Брифингыл æнхъæлцау фæныхас кæндзысты æдкъорд сæххæст æнæадймагон æмæ æгадгæнæг ахасты фактыл цы фæдæвзарæн райдыдта уый фæдыл, кæцыйы фæлгæтты Марнеулы муниципалитеты мэр, Темур Абазовы æрцахстой æмæ сакреблойы архайæг æртæ уæнгты дзуаппмæ раттой.
Социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг Марнеулы цæрæг уæнг, дзыллæйы раз, тынг æгадгæнæг хатыр куры «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили æмæ Марнеулы мэры Темур Абазовы ралгъитыны тыххæй. Фæнысангондмæ гæсгæ, Марнеулы иуæй-иу радио æмæ студий «Монитор» репортаж æрцæттæ кодтой Репортажы мидæг дзырдæуы, цææмæй гоймаг, кæцы æнхъæлцау у æгадгæнæг ахасты амæттаг, цалдæр боны размæ, Тбилисы, Руставелийы проспектыл, акцийыл фыст видеойы, «Гуырдзиаг Бæллиццы» минæвæртты дзырдæй æфхæрдта, фæстæдæр та социалон хызагы ахæлиу ис видео, кæцыйы мидæг уый тынг æгадгæнæг уавæрты куырдта хатыр.
Марнеулы æдкъорд сæххæст æнæадæймагон æмæ æгадгæнæг ахасты фактыл, прокуратурæ райдыдта фæдагуырд. Ахст у Марнеулы мэр Темур Абазов æмæ дзуаппмæ лæвæрд æрцыдысты æртæ уæнгы, сæ нымæцы сакребулойы уæнгтæ.