Еврокомисси цалдæр мæймæ аргъ скæндзæн 12 рекомендацийы æрдгæй прогрессæн, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ сыххæст кæна, кæд æй фæнды цæмæй бæстæ Евроцæдисы кандидаты статус райса, бамбæхиснаг ницы уал ис, цæмæй ивгъуыд азы дæргъы Гуырдзыстоны хицауады æмæ европаг партнерты æхсæн, сæрмагондæй европарламентимæ ахастытæ уыд тынг мæтæфтауæг» – уый фæдыл Европарламентари Марина Кальюранд Брюсселы, Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты рабадтыл райхъусын кодта.
Марина Кальюранды дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад æмæ фылдæры хай хъуамæ сыххæст кæна йæ æмбæстгты раз цы дзырдлæвæрдтæ йын уыд уыдон.
«Æвæццæгæн алчи зонут, европарламенты дыууæ резолюцийы фæдыл медиайы сæрибардзинады халыны, журналистты æдасдзинады æмæ раздæры президенты Михеил Саакашвилийы уавæры фæдыл. Гуырдзыстоны апрелы æхсæнадæмон репсубликаг институты уагъд æхсæнадон хъуыдыйы иртасæнмæ гæсгæйæ, рекордон нымæцы фарсхæцын ис Евроцæдисмæ интеграцийæн, кæцыимæ разы сты цæрджыты 89 %. Гуырдзыстоны хицауад æмæ фылдæртæ хъуамæ сыххæст кæной сæ дзырдлæвæрдтæ, мах нæ фæлæ сæ адæмы раз. Фадæтты уникалон рудзынг байгом ис æмæ нæ зонын цас рæстæг уыдзæн гом ацы рудзынг. Уый гæнæн ис виппайды æрыхгæд уа. Афтæмæй ацы историон шансæй спайда кæнын хъæуы. Нæ архайæм æвджид кæнын. Мах дзурæм куыд хæлæрттæ, куыд партнертæ, куыд æмсæртæ» – райхъусын кодта Кальюранд.
Кальюранд Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, азты размæ Гуырдзыстон уыдис Хурыскæсæн Партнерты æхсæн лидер. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон авæстиат ис Украина æмæ Молдовæйæ цалдæр сферæйы.
«Цалдæр боны размæ бакастæн Гуырдзыстоны парламенты спикер Шалва Папуашвилийы фидиуæн, ома 12 рекомендацийы 80 процен нырид сыххæст кодтой æмæ æнхъæлмæ кæсы рæстаг аргълæвæрдмæ европаг партнертæй фæззæджы. Хъыгагæн хуъамæ зæгъон, цæмæй уыцы хуъыды фарстатæ æвзæрын кæны уыцы информацитæм гæсгæйæ, кæцыты исæм Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы, афтæма комиссийы æмæ ныгуылæйнга партнертæй. Ахты размæ гуырдзысттон уыд лидер хурыскæсæн партнерты æхсæн. Факт уый мидæг ис æмæ 12 приоритеты фæдыл прогресс æххæст нæу. Афтæма хъуамæ загъдæуа, цæмæй Гуырдзыстон афæстиат ис Украина æмæ Молдовæйæ цалдæр сæйраг сферæйы. Европарламенты уæнгтæ, Евроцæдисы æндæр институтты коллегæтæ бафæлладысты уымæ хъусынæй, цææмй архайæм, исты амæлттæй баласæм Гуырдзыстон дыккаг фронты багомы Уæрæсейы ныхмæ. Уый Кремлы пропагандæйы хай у. Уый нæу раст. Никуы нæ фæндыд Гуырдзыстонæн æмæ йæ æмбæстæгтæн хæст. Уæ иунæг хæлар никуы бафæндыд баластаит уæ хæстмæ. Нæ зæрдыл лæууы 2008 азы хæст. Гуырдзыстон , Украина æмæ Молдовæйæ фæстиат уый тыххæй нæу, ома цæвиитон ныхкъуырд нæ кæны Уæрæсейы æфсадæн Сухумæй, уый фæфæстииат ис политикон рæстагдзинады хъуыддæгты æмæ расттæрхоны хæдбарады цухдзинады тызххæй, хæдбар журналистты тасы бафтауыны æмæ тыхдзинады тыххæй, ныгуылæйнаг дипломатты, европарламенты уæнгты æмæ æмбæстагон дзырддæйы минæвæртты ныхмæ фыдзæрдæдзинады æвзагæй дзырды тыххæй, пъæлицæйы æбуальгъдзинады тыххæй уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ архайынц йæ ныхмæ слæууын фæсарæйнаг агентты закъонопроетæн. Премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы Будапешты арызт фидиуæны тыххæй, ома ЛГБТ бартæн къухацаразын у, кæсын цитата – фылдæртыл къаддæрдæрты тыхмидзинады æмиас. Гуырдзыстоны хицауады хицаугæнæг партийы Уæрæсемæ гæсгæ мигъджын позицийы тыххæй, кæцыйы бæлвырд кæны хицауады нæзагъд æмбынатин уа Евроцæдисы санкцитимæ. Афтæма, Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фæстаг рæстæджы комкоммæ тахтытæ сног кæныны тыххæй» – райхъусын кодта Кальюранд.
«Куыд загхтон афтæмæй, фадæтты рудзынг нырма гом у. Гуырдзыстоны хицауад æмæ хицаугæнæг парти æвзæрст хъуамæ саразæт дыууæ фæндагæй. Иу фæндаг у Евроцæдисы фидæнмæ, дыккаг та фæстæмæ ивгъуыдмæ. Уæ бар уæхи у. Фидæн фæлтæрты цæстмæ политикон бæрн сымахыл у æвæрд. Æмбарын, цæмæй Уæрæсеимæ бизнес дзæбæх у æмæ ивгъуыж азы гуырдзыстоны æмтгæйон мидпродукты рæзт тæлмæнгæнæг уыдис, фæлæ Евроцæдисы уæнгдзинад нысан кæны иумæйаг хæзнатæ, хæстæ æмæ уый нæу æрмæст æмтгæйон мидпродукты рæзтыл баст. Ацы процесс нæ цух кæны оппозицийы бæрн дæр. Бирæ хатт загътон, цæмæй фæрæдыд сты, 2019 азы парламентмæ куы нæ бацыдысты. Сæ хайад парламентон куысты æмæ конструктивон куыст 12 приоритеты сыххæст, нырмадæр бындурон у. Гуырдзыстонæн ацы органы бирæ хæлар ис, политикон спектры бирæ æрдгæй. Европарламент цæттæ у баххуыс кæна Гуырдзыстоны парламентæн политкион поляризацийыл фæтых уа, инклюзивон æмæ реформистон бонвæткы сыххæсты» банысан кодта европарламиентари.