Джозеп Борел – Гуырдзыстоны уынаффæтæ абон нæ уыдзæн, фæлæ цыбырæмгъуыдон перспективæйы ис гæнæн мадзæлттæ скæнын, кæд хицауад цы аразы уый адарддæр кæндзæн, уæд дуар æрыхгæд уыдзæн
Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгдзинады дуар гом у, фæлæ хицауад кæд адарддæр кæндзæн ерын цы аразы уый, уæд ацы дуар æрыхгæд уыдзæн, – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдадсзинады политикæйы фарстаты Евроцдæисы бæрзонддæр минæвар Джозеп Борел Люксембургы, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министериалы размæ журналситтæн загъта.
Борелы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны тыххæй уынаффæтæ абон нæ уыдзысты хаст.
«Гуырдзыстон нæм хъуамæ æрбайрох уа. Хъавæм, æркæсын Гуырдзыстоны уæвæг уавæр. Иу цыдæр у бæрæг, Гуырдзыстонæн уæнгдзщинад дуар гом у, фæлæ кæд хицауад ерын цы аразы афтæ адарддæр кæндзæн, уæд ацы дуар æрыхгæд уыдзæн æмæ уый аргъ та бафидын тыхыбын уыдзæн гуырдзиаг адæм, зиан адæм бавзардзысты. Факт у, цæмæй Европаг перспективæ гæнæн ис фæкъаддæр уа, кæнæ сыхгæна. Мах серьозон фарстатыл ныхас кæнæм, алцыппæт афтæ куы адарддр уа, Евроцæдисы дуар гом нал уыдзæн.
Абон æз бавдисдзынæн документ министртæн, кæцыйы райхалдзынæн æндæр æмæ æндæр фарста, цы нæ бон у саразы цыбыр æмæ астæуккаг æмгъуыдон перспективæйы, цæмæй афтæ мауа адарддæр уа Гуырдзыстоны. Абон уынаффæтæ хаст нæ уыдзæн, уымæн æмæ ориентацион дебаттæ сты. Куыд загътон, афтæ фынгыл сывæрдтон æххæст анализ, цæмæй цæй саразын у нæ бон æмæ уыдæттыл фæтæрхон кæндзысты министртæ. Афтæмæй, абон ма æнхъæлмæ кæсут конкретон уынаффæтæм, уый у политикон ориентацийы дебаттæ, фæлæ цыбырæмгъуыдон перспективæйы гæнæн ис мадзæлттæ скæнын. Дæнцæн Европæйы сабырадон фонды фæрцы фарсхæцын аскуынын кæнæ бæрзонд æмвæзады политикон контактты аскуыннын, финансон æххуысы бæргæ хайы баурæдыл тæрхон, кæцы комкоммæ хицауадмæ цæуы. Мах нæ фæнды разнаггад кæнæм сабыр æмбæстгæтæн. Нæ нæ фæнды рыст æрхассын адæмæн, фæлæ ис уынаффæтæ æмæ боны кæрон мæ бон уыдзæн зæгъын, цавæр уыд министрты реакци мæ æнхъарæнтыл», – райхъусын кодта Джозеп Борел.